Хицауадæн æнхъарæм сараза кусæн къорд 5 адæймагы скондæй æмæ конституционæй, барадмæ æмбæлгæйæ иумæ рацæуæм политикон кризисæй – уый фæдыл «Националон Змæлды» президенттæм кандидат Григол Вашадзе, Руставелийы проспектыл цæугæ протестон акцийыл дзырдæй ралæуды рæстæджы райхъусын кодта.
Григол Вашадзе куыд райхъусын кодта, афтæмæй, хицауадæн зæгъгæ æмгъуыд дæтты 16 декабрмæ, æмæ банысан кодта, цæмæй иугонд оппозицийы фæдылдзог къахдзæфтæ баст уыдзысты хицауады дзуаппыл.
«Мах курæм æмгъуыдагъоммæ парламентон æвзæрстытæ, уый тыххæй курæм æвзарæнон системæйы лæмбынæг раивын. Ахæм ивд æрбайсын, кæцы æнæхъæнæй раивдзæн æвзарæнон коррумпиргонд администрацийы, ЦÆК-æй райдайгæ, фадгуытæй фæугæйæ. Зонæм, цæмæй ацы камистæ хъуамæ скомплект уа æмбæстагон дзыллæйы, оппозицион партиты æмæ æхсæнадæмон эксперттæй. Иугонд оппозицийæн Гиорги Вашадзейы инициативæйæ æмæ разамындæй ныридæгæн бакуыст ис механизм, кæцыйы сразы кæндзыстæм алы политикон партиимæ.
ХЪуамæ фæмацы ма бæстæйыон камистæ, кæцытæ фæмæнг кæнынæй дарддæр бынтон ницæмæн сты, хицауадон гæстæн карзæй хъуамæ фæтобæ уа кампанийы хайад исын, сæрмагондæй та министртæн æмæ сæ хæдивджытæн. Ацы адæм хъуамæ уой гуырдзиаг адæмы минæвæрттæ, кæнæ тиа иннæрдæм сты иу партийы минæвæрттæ æмæ ацы постытæ ма хъуамæ ахсæт.
Уый тыххæй дæр, хицауадæн æнхъарæм – саразут кусæг къорд, зæгъæм фондз адæймиагы скондæй, кæд уый йас квалифициргонд уæнгы ссардзыстут уæхимæ, уæд мах дæр раст ацы бæрцæй сараздзыстæм нæделегацийы. Æмбæстагон дзыллæйы цæстдарынады бын, цивилонæй, европæгтау, конституционæй, барадмæ æмбæлгæйæ æрбадæм æмæ иумæ рацæуæм ацы политикон кризисæй. Æмгъуыд уын дæттæм 16-æм декабрмæ. Раст ацы дзуаппыл уыдзæн баст нæ фидæн кахдзæфтæ» – райхъусын кодта Григол Вашадзе.