ГригоЛ Лилуашвили  фембæлдис НАТО-ы генералон нымæрдары æххуысгæнæгимæ
ГригоЛ Лилуашвили фембæлдис НАТО-ы генералон нымæрдары æххуысгæнæгимæ

Гуырдзыстоны паддзахадон æдасдзинады куысты хистæр Григол Лилуашвили  НАТО-ы  генералон нымæрдары  æмххуысгæнæг  æдасдзинад æмæ æмæ рагысгарæгон фарстаты Девид Кетлеримæ фембæлд.  Информацийы ПÆК-ы пресс-куыст  хъусын кæны.

Уагдоны хъусинагæй, фембæлдыл паддзахадон æдасдзинады  куысты æмæ НАТО-ы æмгуыстады фарстат  æркастысты.  Фарсытæ  Украинайы  цæугæ   уæззау  процесстыл фæуынаффæ кодтой æмæ Европæ æмæГуырдзыстоны æдасдзинады  уавæрыл сæ æндæвдадæн скодтой аргъ.  Ныхас уыд бæстæйы оккупацигонд территоритыл уæвæг уавæрыл дæр.  Паддзахадон æдасдзинады куысты хистæр НАТО-ы генералон нымæрдары æххуысгæнæгæн, регионы  уæвæг  æрхъирæны æмæ быцæусидтыты фæдыл  информаци бавдыста.

«Гуырдзыстон НАТО-ы иуæй-иу хæстæг партнер у. Цыт кæнæм  æмæ аргъ кæнæм Гуырдзыстоны хайбавæрдæн,  æмæ уыцы  хинывондæн кæцы  азты дæргъы  уыд  нæ иумæйаг æдасдзинад  бахъахъхъæдæн. Афтæма нын ис нæхи ахастытæ Гуырдзыстоны паддзахадон æдасдзинады куыстимæ.  Нæ иумæйаг куыст  хъахъхъæны нæ адæмты.  Партнерад  нырма никуы  уыдис афтæ нысаниуæгджын» – банысан кодта Девид Кетлер.

ПÆК-ы хъусинагæй,  зæгъгæ фембæлдыл хаххгондæй банысан ис, НАТО-Гуырдзыстоны æхсæн бирæ ахон  партнерон æмæ стратегион ахастыты адарддæры  æнæмæнгхъæуындзинад.