Григол Гегелиа - мæ хъуыдымæ гæсгæ, куыддæр Иванишвили æвзæрстытæ амбулдзæн,  афтæмæй уайтагъд йæхи айсдзæн Гуырдзыстонæй
Григол Гегелиа - мæ хъуыдымæ гæсгæ, куыддæр Иванишвили æвзæрстытæ амбулдзæн, афтæмæй уайтагъд йæхи айсдзæн Гуырдзыстонæй

Уый у  Мамука Хазарадзейы  политикон аргълæвæрд, кæцы  дзуры, цæмæй  Иванишвили  у  Уæрæсейы æххуырст у. Уымæ æмбæлгæйæ дæр логикон у, цæмæй  æвзæрстыты  фембылдæй  уайтагъд ацæудзæн Мæскуымæ, цы ран у  йе  менталон фыдыбæстæ, –  уый фæдыл  «Лелойы» уæнг  Григол Гегелиа   райхуъсын кодта.

Гегелиа комментари сарызта парти «Лелойы» лидеры Мамука Хазарадзейы   уыцы  фидиуæны, кæцыйы  Хазарадзе  дзуры: «Бидзина Иванишвилийы бынат у  Кремлы, мах æнæмæнгæй  æрбацæудзыстæм хицауадмæ æмæ Бидзина Иванишвили  æнæмæнгæй ацæудзæн, уый хъуамæ уа  Мæскуыйы».

Григол Гегелиайы дзырдæй,  йæхæдæг дæр разы  у ацы  аргълæвæрдимæ.

«Нымайын, цæмæй, куыддæр уый  амбулдзæн æвзæрстытæ, уый йæхи айсдзæн   Гуырдзыстонæй æмæ фылдæр гæнæн ис, уыдзæн Мæскуыйы, цы ран  у йæ реалон, удон æмæ  менталон бынат.   Ай æрцæудзæн тынг тагъд, уый  фембылд уыдзæн  æвзæрстыты ацы азы фæззæджы.   Фембылды   цауы   Иванишвили   ацæудзæн æви нæ, уый йæхи хъуыддаг у.Хазарадзе æргомæй райхъусын кодта, цæмæй уый нæу прокуррор æмæ йын нæй интерес, уа  прокуррор, уый у политикон лидер æмæ стæм политикон лидертæ.   Уымæ гæсгæ  дæр  нæй гæнæн нæхифæтъыссæм  уыцы хъуыддагмæ, цæмæй чи кæм уыдзæн æвзæрстыты фæстæ.  Махæн сæйраг у,  Уæрæсейы   æххуырст  хицауа   фæуа. Стæй, цас фæраст уыдзæн  Иванишвилийæн æмæ цас  аирвæрздзæн   алцыппæтыл политикон бæрнæй, гæнæн ис   иуæй-иу цаты  барадон бæрн дæр, уый нырид  баст у  уæгъдибар тæрхондоныл, кæцы нын тынг тагъд уыдзæн», – банысан кодта Григол Гегелиа.