Грецийы сакъадах Эвбеаыл хъæд судзы. Бынæттон медийы информацийæ, хъæды зынгсирвæзт æхсæвы фæзынд. Арт ахуыссын кæнын 80-ы онг зынгвæдисон автомобил, æхсæз хæдтæхæг æмæ фондз хæрдмæтæхæгæй архайынц.
Зынг цырын кæны фидар дымгæ, цæй тыххæй дæр зынгсирвæзты ареал рæзы. Стихийы зонæйы уæлвæтк уавæр расидтæуыд. Зынгсирвæзтмæ гæсгæ, Грецийы премьер-министр, Кириакос Мицотакис йе нцойуагъд аскуыдта æмæ Афинæтæм æрыздæхт.
Грецийы хицауад зынгсирвæзтимæ тох кæнынæн, æххуысмæ æрсидтис Евроцæдисмæ.