Грецийы курорт Мати – дронæй ист видеокадртæ зынгсирвæзты фæстæ

16:59, 26.07.2018

Интернеты  ахæлиу сты  Грецийы   курорт  Матийы   дронæй  ист   кадртæ.  Видеойы   зыны  сыгъд хæдзæрттæ  æмæ   автомобильтæ.

Фæстаг бæрæггæнæнтæй,  зынгсирвæзты  фæстиуæгæн  81  адæймаг  амард,   зиæнттæ райстой  187,  кæцытæй   23  сты  сывæллæттæ. Æвæндаг æрбайсæфтуæвджыты бæлвырд нымæц  ацы  афонмæ нæу  бæрæг.

Рафинайы  муниципалитеты  24  сахатон режимæй  кусæг кризис-центр байгом ис, кæцыйы дæр скусын кодтой  Сырх Дзуары æмæ   æндæр гуманитарон   организациты  минæвæртты  штаб.

Зинсирвæзт  Афинæтæм  хæстæг, фæзынд 23  июлы.   Дымгæйы тыххæй,   арт   тагъд  ахæлиу ис.

Хуыздæр