Грецийы парламент сбæлвырд кодта бадзырд «Гуырдзыстон æмæ Грецийы æхсæн националон хæдтулгæ скъæрыны барлæвæрдты кæрæдзийы банымады æмæ ивды фæдыл»
Грецийы парламент сбæлвырд кодта бадзырд «Гуырдзыстон æмæ Грецийы æхсæн националон хæдтулгæ скъæрыны барлæвæрдты кæрæдзийы банымады æмæ ивды фæдыл»

Грецийы парламент 2025-æм азы 8-æм апрелы фылдæр хъæлæсæппæрстæй сбæлвырд кодта «Гуырдзыстон æмæ Грецийы æхсæн националон хæдтулгæ скъæрыны барлæвæрдты кæрæдзийæн банымайыны æмæ ивды фæдыл» бадзырд. Уый фæдыл информаци Гуырдзыстоны æттаг хъуыдтæгты министрад расидтис.

Æттаг хъуыдтæгты министрады информацимæ гæсгæ, Греци Евроцæдисы æртыккаг бæстæ у, кæцы Гуырдзыстонимæ аналогион бадзырд бафыста.

Грецийы Гуырдзыстоны уæлвæткон æмæ æххæстбарджын минæвар Леван Беридзе куыд банысан кодта  афтæмæй, Грецийы парламенты уæлдæр банысангонд бадзырды ратификаци ноджы иу хатт сбæлвырд кодта Гуырдзыстон æмæ Грецийы æхсæн активон æмкуыстдзинады бæрзонд æмвæзад æмæ æнгом бастдзинæдтæ.

“Уæлдæр ранымад бадзырдмæ гæсгæ, кæрæдзийы банымайыны бындурыл, фарсыты æрдыгæй лæвæрд æххæстгæнæг бардæттæг гæххæттыты хицæуттæн лæвæрд æрцыд фадат, цæмæй сæ баивой æмхуызон æххæстгæнæн барлæвæрдтыл сæ юридикон цæрæнбынаты штаты æнæ теоретикон кæнæ практикон фæлварæн ратгæйæ. Уый ахъаз уыдзæн сæ хуыздæр интеграцийæн бынæттон æхсæнадмæ”, – расидтис минæвар.