Грецийы хъахъъæнынады министр, зынгсирвæзты уæззау фæстиуджыты æнæзакъононæй арызт хæдзæртты æфсон фæкодта
Грецийы хъахъъæнынады министры ныхæстæм гæсгæ, зынгирвæзты уæззау фæстиуæг æнæзакъонон арæзтадты тыххæй æрлæууыд. Уый фæдыл информацийы хæлиу кæны «БиБиСи». Грецийы хъахъæнынады министр Панос Каменос куыд дзуры æафтæмæй, æмбæстæгты æрдгæй хъæды массивы цур æвæрд хæдзæртты тыххæй, зынгсирвæзты рæстæджы хъæутæй рацæунтæ æхкæд æрцыдысты.
Бирæ хæдзар донбылы арæзт уыд æнæзакъононæй, ай у фыдракæнд, кæцы стихийы ахæм æмбуалгъ фæстиуæг расидæг ссис» – райхъусын кодта хъахъъхæнынады министр. \Уæдмæ стихийы зонæмæ ныццæугæ министрмæ фæбыцæу сты бынæттон цæрджытæ. Æмбæстæгты дзырдæй, хицауад уыдоны стихийы рæстæджы æнæхъусдардæй ныууагъта. Зианбаййафджыты хай бæлвырд кæны, цæмæй æмбæстæгтæн денджызмæ ныххизын амыдтой уыцы рæстæджы донбылмæ бацæуæн куы нал уыдис.
Хъæды зынгсирвæзты фæстиуæгæн, Атикайы регионы уæвæг сахарты Мати æмæ Рафинайы алы цыппæрæм хæдзар сыгъд у. Иннæтæ та – базиан сты. Ацы этапыл фæмардуæвджыты нымæц официалон бæрæггæнæнтæм гæсгæйæ у 85. Сæдæйæ фылдæр адæймаг рынчындæтты сты. Дарддæр кæнынц æвæндаг æрбайсæфтувджыты агурæн мадзæлттæ дæр. Æвæндаг æрбайсæфтуæвджыты нымæцы сты 9 аздзыд фаззон хотæ дæр.