ГЭРНК-ы уынаффæйæ, фыццаг октябрæй хæдуынаффæгæнæг горæтты алы газдихгæнæг компани хæсджын уыдзæе ногарызт корпусты газы зондджын нымайæгтæ смонтаж кæнын
Гуырдзыстоны энергетикæйы регулиргæнæг националон комиссийы ног уынаффæйæ, 2024 азы фыццаг октябрæй хæдуынаффæгæнæг горæтты, алы ногарызт корпусы газдихгæнæг компани хæсджын уыдзæн газы зондджын нымайæгтæ смонтаж кæна.
ГЭРНК-ы сæрдар, Давит Нарманиайы фидиуæнæй, газы нымайæгæн нал уыдзæн контакт комкоммæ абонентимæ æмæ нал бахъæудзæн уый цæрæн хæдзары монтаж кæнын, зæронд корпусты цауы куы вæййы афтæ.
«Хæдуынаффæгæнæг горæтты цæугæ азы фыццаг октябрæй, алы ногарызт бирæуæладзыгон цæрæн хæдзары, йæ арæзтад куы фæуд кæны æмæ куырдиат цæуы арызт газы бакæныныл, алы нымайæг уыдзæн а.х «зондджын нымайæг» кæцы уый нысан кæны, æмæ газы хынцгæнæгæн нал уыдзæн контакт абонентимæ æмæ йæ бахъæудзæн хæдзармæ бахизын, зæрондарызт корпусты цауы куыд вæййы, афтæ. Иннæрдгæй ацы процесс сфыссын-бахыгъды æнцондæр кæны. Иу афæдзы фæстæ алы æндæр муниципалитеты дæр аналогионæй æнæмæнгхъæугæ уыдзæн ногарызт корпусты «Зондджын нымайæгтæ» сæвæрын. Уый æппæт бацæудзæн уыцы абонирдзинады фидинагмæ, кæцыйы ГЭРНК-ы уынаффæмæ гæсгæйæ, гоймаг бафиддзæн. Ныр раздæры фæлхасгæнджыты тыххæй куы зæгъæм уæд, кæцытæ ныридæгæн иугонд сты хызагмæ, индивидуалонæй фæлзасгæнджытæн афтæдæр уыдзæн сæ бгн фæндоны цауы, сæвæрой зондджын нымайæг сæ цæрæн хæдзары. Уый тыххæй уæлæмхасæй хъуамæ раздæхой газы æмбæлгæ дистрибютор компанимæ æмæ уыдон ГЭРНК-ы уагмæ гæсгæйæ, хæсджын сты раивой сын нымайæг. Аргъ хъауджыгонд нæу, алцыппæт уыцы фидтоны фæлгæтты уыдзæн, кæцыйы сфидар кодта ГЭРНК. Фæлхасгæнæджы комфорт у, цæмæй йæ нал бахъæудзæн газы хыцгæнæгимæ комкоммæ контакт. Уымæй дарддæр ма, уый тызххæй, цæмæй зондджын нымайæг иудадзыг режимы нымайы хардзгонд газы, фæлхасгæнæгæн йæхимæ уыдзæн фадат, онлайн режимы бадара йæ цæст газы хардзмæ, сконтрол кæна йæ газы фæлхасады профил», – райхъусын кодта Давит Нарманиа.
Фыццаг этапыл электроэнергийы цауы куыд уыдис афтæ газыл дæр зондджын нымайæгы смонта кæнын, æнæмæнгхъæугæ æрмæстдæр хæдуынаффæгæнæг горæтты уыдзæн. Æрмæст 2025 азы фыццаг июлæй алы муниципалитетыл ахæлиу уыдзæн.
Уыимæ ГЭРНК-ы куыд банысан кодтой афтæмæй, фæндоны цауы, куыд хицæн афтæ юридикон уæнгæн куыриты бындурыл йæ бон у, сæрмгонд хæдзары,. Зондджын нымайæгы смотаж кæнын, фæлæ уый тыххæй йæ бæрæг суммæ бафидын бахъæудзæн.