Гуырдзыстоны энергетикæйы æмæ донæвонгы регулиргæнæг националон комиссийы (ГЭРНК) фидиуæнæй, зæгъгæ иуæй-иу оппозицион политикон партийы минæвæрттæ, электроэнергийы тарифы фæзынаргъы фæдыл медийы мæнг информаци хъусын кæнынц.
ГЭРНК-ы æмбарын кæнынц, ома электроэнергийы тарифы фæзынаргъ плангонд нæу.
«Оппозицион политикты æрдгæй ахæлиугонд информаци, ацы хатт дæр рæстдзинадимæ нæбадгæ у æмæ йæ нысан у æхсæнад рæдыды бафтауын. Электроэнергийы базары реформæйы фæлгæтты сæххæст ивддзинæдтæм æмбæлгæйæ, ГЭРНК-ы цæуы паддзахадон администрацион амалиуæгад электроэнергийы тарифтыл. Фæнысангонд у закъондæттынадæй бæрæг стандартон процедурон хай, кæцыйы фæдыл фидиукæн ГЭРНК æнæиу хатт сарызта.
Уæвæг аууæлттæм гæсгæйæ, абоны бонмæ нæй электроэнергийы тарифты ивды бындур, кæцы уый нысан кæны, цæмæй æввахс периоды электроэнергийы фæлхасгæнæгон тарифы фæзынаргъ нæ план кæны», – хъусын кæнынц энергитикæ æмæ донæвонгы регулиргæнæг националон комиссийы.