Гиви Миканадзе Венгримæ официалон визитæй ацыд
Гиви Миканадзе Венгримæ официалон визитæй ацыд

Гиви Миканадзе Венгримæ официалон визитæй ацыд, цы ран

Гуырдзыстоны ахуырады, зонады æмæ фæсивæды министр Гиви Миканадзе Венгрийы сæйраг сахар Будапештмæ официалон визитæй ацыд.

Рухсады министрады информацимæ гæсгæ, визиты фæлгæтты Гиви Миканадзе Венгрийы мидхъуыддæгты министр Сандор Пинтеримæ, кæцы иумæйаг ахуырады секторы къухдариуæг кæны, æмæ Венгрийы культурæйы æмæ инновациты министр Балаш Ханкосимæ дывæрсыг фембæлдтæ сараздзæн.

Министр афтæ дæр кусæгон фембæлд ауадздзæн Венгрийы националон ассамблейы культурæйы комитеты сæрдар Ласло Позсанимæ.