Гитанас Науседа -  Украинайæн танктæ алæвæрды фæдыл уынаффæйы фæстиат кæнын аморалон у
Гитанас Науседа - Украинайæн танктæ алæвæрды фæдыл уынаффæйы фæстиат кæнын аморалон у

Лиетувæйы   президент  Гитанас Науседайы  фидиуæнæйы,   Украинайæн   танктæ  алæвæрды фæдыл   уынаффæ фæстиат кæнын аморалон у.  Гитанас Науседа конкретонæй не схуыдта Германи, фæлæ   загъта, цæмæй  Уæрæсей  гæнæн  провоциркæныны  æфсонæн,  уæззау техникæ  алæвæрды фæдыл  уынаффæтæ   фæстиат  кæнын, украинаг æмбæстæгтæн  царды  аргъ  у.

«Мæ  бон у æрмæст  хъыгдзинад  равдисын, цæмæй иттæг нысаниуæгджын  уынаффæ, кæцы мах  цырд хъуамæ райсæм,  фæстиат кæнын. Гæнæн ис  бирæ   аххосæгтæ æрнымайын, ома æндæр æмæ æндæр   бæстæйы  æхсæнады  цæстæнгас  хъауджы  у,  ома гæнæн ис   нæ дæ  фæнда  уыцы  бæстæйы  провоцирдзинад, кæцы абон чъиззи  цырыхъхъыты кондæй  бырсы  Украинайы территоримæ, мæ  хъуыдымæ гæсгæ уыдæттæ раст не  сты.  Фыццаджы дæр  уый у аморалон, уымæн æмæ   алы бон  æгæр зынаргъ сбады,  уый  æгæр бæрзонд аргъ у  украинæгтæн, уый æххæссы  сегасдæр зынаргъмæ, – адæймаджы цардмæ», –  райхъусын кодта   Гитанас Науседа.

Бакой уын кæндзыстæм,  Берлин ацы афонмæ  нæзагъд кæны  Украинайæн  танктæ  адæттыныл.