Гитанас Науседа – Критикон нысаниуæгджын æвзæрстытæ сырæздзысты Гуырдзыстоны, кæд æмæ бæстæ бахъахъхъæндзæн уæвæг статус-кво, не нхъæлын, цæмæй евроинтеграцийы фæндагыл размæ цæуын гæнæн уыдзæн.
Гитанас Науседа – Критикон нысаниуæгджын æвзæрстытæ сырæздзысты Гуырдзыстоны, кæд æмæ бæстæ бахъахъхъæндзæн уæвæг статус-кво, не нхъæлын, цæмæй евроинтеграцийы фæндагыл размæ цæуын гæнæн уыдзæн.

Гуырдзыстоны критикон нысаниуæгджын æвзæрстытæ сырæздзæн. Кæд æмæ бæстæ бахъахъхъæндзæн уæвæг статус-кво, уæд нæ хъуыды кæнын, цæмæй евроинтеграцийы фæндагыл размæ цæуыны гæнæнтæ уыдзæн – расидтис Лиетувæйы президент, Гитанас Науседа.

Йæ ныхасмæ гæсгæ, проевропаг тыхты уæлахизы цауы, æнхъæлмæ кæсæн ис æндæр фæндагмæ европон интеграцийы æрдгæй.

«Гуырдзыстонмæ та цы хауы, Гуырдзыстон стыр фарста у. Гуырдзыстоны критикон нысаниуæгджын æвзæрстытæ сырæздзæн, уымæн æмæ здæхты фæдыл уынаффæ гуырдзиаг адæм дæр исынц. Кæд æмæ уыдон баззайдзысты æмæ бахъахъхъæндзысты уæвæг статус-кво, уæд мæнмæ гæсгæ, бæстæйæн нæ уыдзæн фадат размæ рацæуа европон интеграцийы фæндагыл. Кæд æмæ проевропааг тыхтæ фæуæлахиз уыдзысты, уæд æнхъæлмæ кæсæн ис æндæр фæндагмæ æмæ карзæй райсæм уый», -расидтис Науседа.

Лиетувæйы президент дæр сарæзта фиппаинаг Молдавийы фæдыл æмæ банысан кодта, цæмæй молдоваг адæмæй æнхъæлмæ кæсæн ис проевропæйаг фæндагмæ.

«Фæнды мæ уæ хъусдард сцырын Молдовæйы æмæ Гуырдзыстоны бынтон нысаниуæгджын политикон цаутæм. Молдова ацы фæлладуадзæн бонты уагъд цæуы президентон æвзæрстытæ æмæ Евроцæдисы уæнгдзинады фæдыл референдум. Мæнмæ гæсгæ, уый у ахсджиаг момент. Махæн нæ бон у æнхъæлмæ кæсын, цæмæй молдоваг адæм равзардзысты проевропæйаг фæндаг æмæ æз тынг ныфс дарын уый тыххæй. «Æз сæрмагондæй уыдтæн Молдовæйы, Эстони æмæ Латвийы президенттимæ иумæ, цæмæй бафæлварон бауырнын кæнын, уæлдайдæр та æвзонг фæлтæрты, цæмæй сывзарой сомбон, знон нæ», — загъта Науседа.