GITA -ы информацийæ, Гуырдзыстон нымад цæуы, иуæй-иу пилотон бæстæйæ, цы ран «SpaceX» цæрджытæн дæтдзæн интернет спутникæй
Гуырдзыстоны инновациты æмæ технологиты агентады (GITA) хъусинагæй, гуырдзиаг делегаци АИШ-ы «SpaceX»-ы уыд фембæлдыл.
Уагдоны хъусинагæй, Гуырдзыстоны экономикæ æмæ æнæфæцудгæ рæзынады министры хæдивæг Ираклий Надареишвили, инновациты æмæ технологиты агентады сæрдар Автандил Касрадзе æмæ Сан Францискойы Гуырдзыстоны генералон консул Леван беридзе, фидæнон æмгуыстады фæдыл «SpaceX» -ы хистæр финансон офицер, Брет Джонсен æмæ хистæр финансон директор Девид Финлиимæ фембæлдысты. Уым ма афтæдæр уыд Билл Рейхерт, «SpaceX»-ы иуæй-иу инвестор.
«SpaceX»-ы равдыстой интерес Гуырдзыстоны интернетизацийы процессы бастдзинадыл, уымæ гæсгæ дæр Гуырдзыстон нымайынц куыд иуæй-иу фыццаг пилотон бæстæ, цы ран «SpaceX» цæрджытæн ратдзæн спутникæй интернет. Афтæма æркастысты Гуырдзыстоны æмæ гуырдзиагæты фылдæр б астдзинад сæ фидæнон планты.
Бадзырдты фæстиуæгæн æввахс периоды «SpaceX» GITA -ы æххуысæй райдайдзæн официалон процедурæ, Гуырдзыстоны интрнетпровайдеры лицензи райсынæн» – банысангонд у Гуырдзыстоны инновациты æмæ технологиты агнетады информацийы.