«Гирчи» медиаторты бавдыст ног документ бафыста.
«Гирчи»-ы уæнгтæ Сандро Раквиашвили, Иаго Хвичиа æмæ Вахтанг Мегрелишвили, евроцæдис æмæ АИШ-ы медиацийæ политикон партитæн бавдыст ног документыл къух бафыстой фейсбук-лайвы рæстæджы.
«Мæ хъуыдымæ гæсгæ, къух бафыссын хъæуы. Знон фидиуæны уыдис ахæм цыдæр, кæцыимæ, мæ хъуыдымæ гæсгæ, ис гæнæн, сразы уай, цæмæй парламенты алкæцы уæнг хъуамæ райса уынаффæ, кæнæ та нæ ныгуылæйнаг партнертæ индивидуалон бæрны онг æркодтой се нхъарæн. Мæ хъуыдымæ гæсгæйæ уыцы 60 лæг, кæнæ цас ма дзы баззадис, æцæгдæр сæрмагондæй хъуамæ аскуыддзаг кæной, фæнды сæ бадзырд æмæ ацы адæмæн сæ фарсмæ лæууын, кæнæ та ацы адæмы æмæ алцыдæр мацæмæ æрдарын. Цæй ма, раттæм цæвиттон, цæмæй уый гæнæн ис æмæ ацы документыл къух бафыссæм. Мах бафысдзыстæм нæ къух, сымахæн дæр у уæ бон», – райхъусын кодта «Гирчийы» иуæй-иу уæнг, Вахтанг Мегрелишвили.
Уыимæ иумæ «Гирчийы» уæнгтæ абон парламентмæ бацыдысты.
Европаг Советы президент Шарль Мишель, политикон партитæн ног документ знон бавдыста. Сæрмгаондæй та, Шарль Мишелы бавдыст ног документмæ гæсгæйæ, «Гуырдзиаг Бæллиццы» æнхъарæнмæ æмбæлгæйæ, 2022 азы снысан уыдзæн æмгъуыдагъоммæ парламентон æвзæрстытæ, кæд хицаугæнæг парти, бынæттон хæдуынаффæйы æвзæрстыты 43 проценттæй къаддæрдæр хъæлæстæ райсдзæн.
Уыимæ иумæ, Шарль Мишелы документмæ гæсгæйæ, бадзырд бафыссынæй иу къуыримæ, фарсытæ политизиргонд нымад дыууæ хъуыддаг хъуамæ ногæй æркæсой.