Гиоргий Вашадзе – гаранти уын дæттæм, цæмæй Гуырдзыстонмæ 14 миллиард æрбахæсдзыстæм
«Иугонд националон змæлд»-ы лидертæй иу Гиоргий Вашадзейы ныхасмæ гæсгæ, «Гуырдзиаг Бæллиццы» абон 14 миллиарды блокир кæны, кæцы Гуырдзыстон хъуамæ райса европон фондтæй æмæ баххуыс кæна бæстæйæн экономикон размæцыды.
Вашадзейы ныхасмæ гæсгæ, «Гуырдзиаг бæллицц» евроинтеграцийы фæндагæй ахызт æмæ евроинтеграцийы процесс фæурæдта.
«14 миллиард, уыдон сты европæйаг фондтæ. Баиу кæныны фæстæ нын уыдзæн фадат уыцы фæрæзтæм бацæуын, кæцытæм хауынц хъæууон хæдзарад, ахуырад, æнæниздзинад хъахъхъæнынад, кондад æмæ регионалон рæзт. Адон сты уыцы фæрæзтæ, кæцытæ хъуамæ баххуыс кæной Гуырдзыстонæн тагъд экономикон рæзты, цæмæй бахæццæ уой экономикон рæзынады стандартмæ. Абон ацы 14 миллиард «Гуырдзиаг Бæллиццы» блокиргонд у. Иунæг урсы дæр нæ райсæм æрмæст уый тыххæй æмæ «Гуырдзиаг бæллицц» райста уырыссаг закон, ахызт европон интеграцийы фæндагæй æмæ урæдта европон интеграцийы процесс.
Уыдон сты ахæм фæрæзтæ, кæцытæ æххуыс кæнынц æппæт кандидат бæстæтæн æххæст уæнг суæвынæн. Гарантийæ уын дæттæм, цæмæй Гуырдзыстонæн 14 миллиард æрхæсдзыстæм. «Гуырдзиаг бæллиц» ацы 14 миллиарды æрæхгæны. Уый у мах æмæ уыдоны æхсæн хицæндзинад. «Гуырдзиаг Бæллиццы» ноджы милуан аххосаг ссардзæн, цæмæй ацы æхца Гуырдзыстонмæ ма хъуамæ æрцæуа. Зæгъæм уын, 26-æм октябры æвæстиатæй райдайдзыстæм Евроцæдисмæ бацæуыны процесс, баххæст кæндзыстæм 9 пункты æмæ райсдзыстæм фадат 14 миллиардмæ. Уый у раргомгæнæг хай. Ацы 14 миллиарды фæстæ уыдзæн бирæ инвестицитæ, нæ уыдзæн иунæг район кæнæ регион, кæцыйы куыстуат нæ байгом уыдзæн, цыран нæ уыдзæн рæзт технологон здæхты, цæмæй сырæза бæрзонд мыздджын куысты бынæттæ», – расидтис Гиоргий Вашадзе .