Гиоргий Каландаришвили - Курын мидхъуыддæгты министрадæй, Марнеулы 69-æм фадыгы асыккыты бюллетенты ныввæрыны фæдыл информацийы тыххæй куыд гæнæн ис афтæ тагъддæр сæххæст кæной æмбæлон процедурæтæ
ЦÆК-ы сæрдар, Гиорги Каландаришвили сиды, цæмæй Марнеулы 69-æм фадыгы урнæты байдзаг кæныны фæдыл информаци зæрдæхсайгæ у æмæ мидхъуыддæгты министрадмæ сиды, цæмæй æмбæлон продукцийы процесс тагъд сæххæст кæной.
Къаландаришвили афтæ дæр Марнеулы районы æвзарæнон комисмæ æрсидтис, æвæстиатæй рабæрæг кæной уавæр, æрсидт кæной къамисы рабадт æмæ райсой æмбæлон уынаффæ.
«Медийы æмæ интернеты парахат кæны информаци, цæмæй Марнеулы 69-æм æвзарæнон фадыджы урнæйы бюллетентæ ныффæлдæхтой. Уый у тыхстгæнæг информаци. Кæд æмæ сбæлвырд уа, уæд æвзæрстыты администраци нæ бауадздзæн ахæм æххæстгонд кæнæ манипуляцион цаутæн, цæмæй æвзæрстыты бонмæ цы бирæ мæйты фыдæбон бахардз кодтам, уый фехæла.
Фæнды мæ фæсидон Марнеулы районы æвзарæнон къамисмæ, цæмæй æвæстиатæй сбæрæг кæной уавæры фæдыл, æрсидт кæной къамисы рабадт æмæ райсой æмбæлон уынаффæ.
Мæн куыд зонын афтæмæй, амынд фарсты фæдыл мидхъуыддæгты министрад райдыдта уголовон хъуыддаг. Фæнды мæ министрадæй ракурын, куыд гæнæн ис афтæ тагъддæр æххæст кæна æмбæлон процедурæтæ, цæмæй æхсæнадæн лæвæрд æрцæуа объективон, раст информаци нæ компетенцийы фæлгæтты.
Æппæт ахæм цаутæ, æцæг сты æви нæ, æнæмæнг хъыгдарынц æвзарæнон уавæр, уагдоны репутаци, æвзæрын кæнынц фарстатæ фæстиуджыты тыххæй. Уый тыххæй дæр ноджы иу хатт сидын районон æвзарæн къамисмæ, цæмæй тагъд рæстæджы сбæрæг кæной фарста æмæ райсой æмбæлон уынаффæ снысангонд æвзарæнон зылды фæдыл», – расидтис Гиорги Каландаришвили.