Гиорги Вашадзейы æмбарынгæнæнтæ парламентон фылдæртимæ бадзырды фæдыл
«Ног Гуырдзыстоны» лидеры, Гиорги Вашадзейы куырдиатæй, иумæйаг тыхархайд абон æрхаста фæстиуæг æмæ оппозици æмæ хицауад, æвзарæнон системæйы фæдыл æрфидыдтой.
Вашадзе медийæн райхæлдта цæмæй конкретонæй цæуыл æрныхас кодтой фарсытæ:
«Фыццаг – политахæсттæ хъуамæ ссæрибар уой. Цæй зæгъын æй хъæуы ис гæнæн цæмæй номхуындты не сразы уæм, уыдон сæ нымайынц политахæсттæй æви нæ, фæлæ уыдон æнæмæнгæй ъхъуамæ ссæрибар уой æмæ ацы конкретон механизмыл уыд ныхас. Ацы æрдгæй «Гуырдзиаг Бæллицц» загъта, цæмæй алцыппæт саразит цы йæ бон, цæмæй фæнысангонд хъуыддаг æввахс фидæны сырæзтæуа. Дæнцæн, гæнæн ис уа прокуратурæйы куырдиат кæнæ æндæр механизм, цæмæй æфхæрды мадзал ивд æрцæуа Тамлианийæн, Окруашвилийæн æмæ Руруайæн, æрмæст иннæ æрдгæй, Гиги Угулавайы хъуыддагмæ гæсгæйæ та, спайда кæнæнт ныххатыры механизмæй. Æз куыд фæфиппайдтон афтæмæй, президент уымæ цæттæ у» – райхъусын кодта Гиорги Вашадзе.
Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ фарсытæ æрныхас кодтой мандатты 120/30 райуæрстыл. Гиорги Вашадзе дзуры, цæмæй мажоритарон зылдты фæбæрæгы рæстæджы зæрдыл хъуамæ бадарæт конституцион тæрхондоны уынаффæ. Ноджы иу бадзырд йæ хъуыдыйы дары 1 процентджын æвзарæнон барьеры æрбайст.
Гиорги Вашадзейы аргълæвæрдæй, зæгъгæ нысаниуæгджын у, бадзырды имплементацимæ, тæккæ райсомæй рывналын.