Гиорги Вашадзе домы националон æдасдзинады советы ауæрæхгонд формат саразын æмæ уырдæм оппозицийы минæвæртты бафтауын
«Стратегиа Агъмашенебелийы» лидер Гиорги Вашадзе националон æдадсзинады советы ауæрæхгонд формат саразын æмæ уырдæм парламентон оппозицийы минæвæртты бафтауын домы.
Абоны пресс-конференцийыл Вашадзе куыд райхъусын кодта афтæмæй, уырыссаг агрессийы тыххæй, дунейон ранывæзт æмæ геополитикон уавæр æххæстæй ивд у, ацы уæззау уавæры та, иунæг хицæн политикон тых, сæ нымæцы нæдæр «Гуырдзиаг Бæллицц» нæй гæнæн уа сабырады гарант Гуырдзыстоны.
Афтæма йæ дзырдæй, сабырады гарант гæнæн ис уа æрмæстдæр националон иудзинад, политикон тыхты иудзинад æмæ раст къахдзæфты аразын, цæмæй бæстæйы уа сабырдзинад æмæ æдасдзинад.
«Уый тыххæй дæр, Ираклий Гъарибашвили æмæ Иракли Къобахидземæ сидын, арызт æрцæуæд националон æдасдзинады советы ауæрæхгонд формат, кæцыйы сконды уыдзысты парламентон оппозицийы минæвæрттæ æмæ æртæ æрдæмадæй кусдзыстæм – сабырдзинад сифтонг кæнын, Евроцæдисм фæтагъдгонд интеграцийы фарстатыл, Гуырдзыстоны экономикон æм æдасдзинады фарстатыл. Ныр у уыцы рæстæг, иумæ куы хъуамæ слæууæм. Ацæуæм Брюсселмæ æмæ ныгуылæйнаг партнертимæ иумæ, бæстæйы интерестæн пайдаджын къахдзæфтæ саразæм. Неауæд та стæм рæзгæ тасы раз. Иннæбон фæцæуæм Брюсселмæ, фемблдтæ нын уыдзæн. Гуырдзыстонмæ æрцыдтæн Украинайæ, уымæн æмæ европаг партнертæ мæмæ радзырдтой æмæ комкоммæ загътой, цææмй абон зæгъгæ Гуырдзыстоны хицауад æвдисы дыууæ позици, дыууæ бæхыл бады – Уæрæсейы фарс дæр хæцы æмæ ныгуылæны фарс дæр, уый та афтæ адарддæр кæнн гæнæн нæй. Ацы уæззау уавæры хъуамæ сывзарай иу фарс. Растдæр уый тыххæй, националон æдасдзинады советы формат хъуамæ уа арызт æмæ алчи иумæ нæхимæ райсæм бæрн уый æппæт къахдзæфтыл кæцытæ хъуамæ сараза Бæстæ» – райхъусын кодта Вашадзе.