Гиорги Маргвелашвили - Райгонд уыдзынæн дывæрон æмбæстагдзинады райсты æгъдау фенцондæр кæнынæй
Гуырдзыстоны президент дывæрон æмбæстагдзинады райсты æгъдæуттæ фæрогдæр кæнынæй райгонд у. Ацы темæйыл Гиори Маргвелашвили фæныхас кодта Диаспорæйы бонмæ гæсгæ форумыл дзырдæй ралæуды рæстæджы.
Президент куыд банысан кодта афтæмæй, ацы темæйыл дывæрон æмбстагдзинад райсты процедурæты тыххæй зæгъгæ процесс тынг ныддаргъ вæййы.
Гиорги Маргвелашвили райхъусын кодта, ома ацы рæстæджы парламенты дывæрон æмбæстагдзинады райсты æгъдæуттæ фæрогдæр кæныны фæдыл уынаффæ цæуы æмæ уый ацы нормæты либерализацийæ райы.
«Дывæрон æмбæстагдзинады процедурæ бæрæг куы у æмæ ма уым ноджы цыдæр процедурон процесстæ ауадзын хъæуы, уæд цæй зæгъын й хъæуы тынг фæкуылымпы вæййы процуесс, æмæ ацы фарсты æрдæм фылдæр либералон ахаст æмæ сымахæн дывæрон æмбæстагдзинады фæдыл процедурæтæ нæ уыдзысты уыцы зын процессæй саразинаг, кæцы ерын архайы – мæнæн уый уыдзæн цин æмæ йæ фарс рахæцдзынæн куыд гæнæн ис афтæ тагъд сбæлвырд уа ацы закъон» – райхъусын кодта Гуырдзыстоны президент, форумыл дзырдæй ралæуды рæстæджы.