Гиорги Маргвелашвили – мæхи закъонсфæлдисæгыл нæ нымайын,  уыцы  тип нæ дæн, фылдæр ветотæм  арæхсын, «Тыхджын Гуырдзыстонимæ» иумæ лæудзынæн, фæлæ  куыд депутат  - нæ
Гиорги Маргвелашвили – мæхи закъонсфæлдисæгыл нæ нымайын, уыцы тип нæ дæн, фылдæр ветотæм арæхсын, «Тыхджын Гуырдзыстонимæ» иумæ лæудзынæн, фæлæ куыд депутат - нæ

Мæ бынат,  куыд  иу  гуырдзиаг, кæцыйы  фæнды,  цæмæй  фыдыбæстæйæн  ахъаз фæуа,  ам ис,  ацы  иугонды, «Тыхджын Гуырдзыстоны».   Бирæаххос  мæм ис  уый  зæгъынæн.   Сæ иу  у,  рагæй  ерынмæ  гуырдзиаг æвзæрстгæнæг цæмæ  æнхъæлмæ кастис, цæмæй  саразæм  реалондзинад, кæцы дыууæ  ивгъуыды политикон тыхæй  хъауджыгонд у, – уый фæдыл Гуырдзыстоны раздæры  президент  Гиорги Маргвелашвили  Гуры райхъусын кодта, цы ран бæрæг ссис, цæмйæ «Тыхджын Гуырдзыстонмæ» баиу ис.

Афтæма  йæ дзырдæй, зæгъгæ  «Тыхджын Гуырдзыстонимæ» иумæ  кæронмæ  тох кæндзæн, фæлæ йæхи   закъонсфæлдыстадон  куысты  нæ  уыны.

«Сæрмагондæй  мæхи   закъонсфæлдисæгæй  не нхъæлын, ахæм тип нæ дæн.   Алчи йæ  æрдзон   бынатыл хъуамæ уа  ацы  тохы.   Мæн закъоны тыххæй куы бафæрсат уæд,  фылдæр  ветотæм арæхсын, ацух кæнын  у  мæ бон.   Уымæ гæсгæ дæр  æз уыдзынæн  ацы  тохы  сымахимæ иумæ  баст.   Фидæны дæр   иумæ лæудзыстæм Гуырдзыстоны  æрыздахынæн æмæ   ногæй  рацаразынæн, фæлæ  куыд  депутат  – нæйы.   Æнкъарын   уæлахиздзинады  эмоци, æнтыстдзинады  нæ  фæлæ  –  уæлахиздзинады.  Уæлахиздзинад у   кæронгæнæг, цæмæй дæр  фæстагмæ  асæтдзыстæм ацы  гадзрахатдзинад», –  загъта Гиорги Маргвелашвили.