Гиорги Маргвелашвили хицауады хæстæ æвджид бакæныны фæдыл барамынд рауагъдта
Гиорги Маргвелашвили  хицауады  хæстæ  æвджид бакæныны  фæдыл барамынд  рауагъдта

Гуырдзыстоны  президент, Гиорги Маргвелашвили  хицауады  хæстæ  æвджид бакæныны  фæдыл барамынд  рауагъдта.

«Гуырдзыстоны конституцийы 73-аг статийы  фыццаг  пункты «Д»дæлпункты æмæ   80  статийы  3-аг  пунктмæ æмбæлгæйæ,   Гуырдзыстоны  хицауады  уыцы сконды æвджид бауæнт  хæстæ  æххæст кæнын, хицауады  ног сконды  скомплект кæныны онг»-  банысангонд у президенты  барамынды.

Абон Гиорги Квирикашвили, премьер-министры  пост ныууагъдта.  Уый æддæмæ, премьеры  куыстуæгъды  тыххæй,   сæ бартæ урæд æрцыдысты  алы министрæн.