Гиорги Маргвелашвили хицауады хæстæ æвджид бакæныны фæдыл барамынд рауагъдта

20:34, 13.06.2018

Гуырдзыстоны  президент, Гиорги Маргвелашвили  хицауады  хæстæ  æвджид бакæныны  фæдыл барамынд  рауагъдта.

«Гуырдзыстоны конституцийы 73-аг статийы  фыццаг  пункты «Д»дæлпункты æмæ   80  статийы  3-аг  пунктмæ æмбæлгæйæ,   Гуырдзыстоны  хицауады  уыцы сконды æвджид бауæнт  хæстæ  æххæст кæнын, хицауады  ног сконды  скомплект кæныны онг»-  банысангонд у президенты  барамынды.

Абон Гиорги Квирикашвили, премьер-министры  пост ныууагъдта.  Уый æддæмæ, премьеры  куыстуæгъды  тыххæй,   сæ бартæ урæд æрцыдысты  алы министрæн.

 

Хуыздæр