Гиорги Маргвелашвили – Гуырдзыстонæн Китайы тынгад, сидт нæ фæлæ ма егъау фадат у
Гуырдзыстонæн Китайы тынгад у стæм æмæ егъау фадат – уый фæдыл Гуырдзыстоны президент Гиорги Маргвелашвили, Китайаг агентад «Синьхуаимæ» интервьюйы рæстæджы.
Гиорги Маргвелашвилийы ныхæстæм гæсгæ, Гуырдзыстон цæттæ у, Китайимæ фæарфдæр кæна æмкуысткæнынады алы сферæйы.
«Мах Китайы тынгадмæ кæсæм куыд дунейæн стæм æмæ егъау фадат. Растдæр уый тыххæй бафыста Гуырдзыстон ивгъуыд азы уæгъдибар базарады фæдыл бадзырд,» – загъта Гуырдзыстоны президент.
Гиорги Маргвелашвилийы ныхæстæм гæсгæ, Китай нысаниуæгджын æмæ цымидисон хъазæг у глобалон политикъæ æмæ экономикæйы æмæ йæ къух аразы дунейы сабырад æмæ стабилондзинады æрфидарæн.
«Æндæр æмæ æндæр нациты æхсæн экономикон кæнæ куыльтурон диалогы кой куы кæнæм, уæд нæй гæнæн æмæ Китайы тыххæй мацйы зæгъæм, кæцы экономиконæй, демографионæй æмæ æфсæддон цæстæнгасæй у иуæй-иу сегасæй тыхджындæр паддзахад» – райхъусын кодта Гуырдзыстоны президент.
Гиорги Маргвелашвилийы аргълæвæрдæй, Гуырдзыстоны æмæ Китайы æхсæн ахастытæ раст æрдæм тынг кæнынц. Йæ аргълæвæрдæй, дыууæ бæстæйы иу кæны æууæнкыл бындурæвæрд, продуктвион политикъон, экономикон æмæ культурон партнерад. Уый ма афтæдæр банысан кодта, цæмæй Китайы æххуыс Гуырдзыстонæн у иттæг нысаниуæгджын, ИНО-йы Китайы ролы зæрдыл даргæйæ.
Гуырдзыстоны президент афтæдæр фæныхас кодта Китайимæ иумæйаг проектытыл тыххæй, сæ нымæцы «ИУ Рон , Иу Фæндаджы» фæдыл.
«Кæд æркæсдзыстæм инициативæ «Иу Рон, Иу Фæндаджы» фæлгæтты проектытæм, уæд ссардзыстæм тынг бирæ маршрут. Фæлæ Гуырдзыстоны фæндаг у сеппæтæй æнцондæр æмæ цымидисонб» – банысан кодта Маргвелашвили æмæ бафтыдта ма, цæмæй Гуырдзыстон зæгъгæ уый хъом у цæмæй базарадон маршрутты диверсификаци баахъаз кæна.