Гиорги Маргвелашвили – дзæбæх уаид  æмгъуыдагъоммæ æвзæрстыты фæндагæй  хицауад фæивын
Гиорги Маргвелашвили – дзæбæх уаид æмгъуыдагъоммæ æвзæрстыты фæндагæй хицауад фæивын

Нæ  мæндид цæмæ революци уа, фæлæ  дзæбæх   уаид æмгъуыдагъоммæ   æвзæрстытæ  æмæ   æмгъуыдагъоммæ æвæзæрстыты фæндагæй    хицауад раивын  –  уый фæдыл  Гуырдзыстоны  раздæры  президент Гиорги Маргвелашвили  Азербайджайнаг   журналистимæ  Эйнул  Фатулаевимæ   интервьюйы  загъта,  кæцыйæ   сдзуапп кодта фарстæн? «Зæгъæн ис æви нæ, цæмæй Гуырдзыстоны   ныр  ног  революцийы райдайæн ис?».

Маргвелашвилийы аргълæвæрдæй,  хъуамæ æрцæуа   хицауады   легитимаци  æвзæрстыты фæндагæй, кæнæ та  уыдзæн иудадзыг   ныттынггонд уавæр.

«Гæнæн ис æви нæ   партийæн, политиктæн  хицаудзинад,к æцытæ  уый йас сты  кæйдæр дæлбар архайгæ, æмæ сыл абонæй райсоммæ  æууæнк нæй,  æхсæз мæйæ, кæнæ иу афдзæы  режимы  уыдон ныууадзын хицауады? Нæй.  Æз уыл  не ууæндын 24 сахаты режимы.  Уый у  делигитимацийы  пик.  Уый  тыххæй дæр, хъуамæ æрцæуа хицауады легитимизаци æвзæрстыты фæндагæй,  политикон партийы  кæнæ политикон лидеры  легитимизацийы  æндæр формат  демократон   æхсæнады  нæй, кæнæ та иудадзыг уыдзæн  ныттыгонд  уавæр» – райхъусын кодта  Гиорги Маргвелашвили.

Гиорги Маргвелашвили  интервьюйы рæстæджы  фæныхас кодта  деолигархизацийы  фарстайыл æмæ Бидзина  Иванившилийы тыххæй.

«Æз куыд  зонын афтæмæй, уымæн  (Иванишвилийæн) нæй бизнес  Гуырдзыстоны. Ницы  ис ахæм,  цæй тыххæй  ис гæнæн йæ  тæрхонмæ  раттын.  Цы йын хъуамæ фæтобæ  кæнæм? Кæд адæймагæн   нæй криминал, цы  нымайæм  фыдракæндыл?  Бæрзонд гæстæ, премьер-министр, министртæ йæм куы фæдзурынц  æмæ  уый та  телефоныл дзуапп дæтты?  Куыд ис гæнæн йæ деолигархизаци скæнын, кæд хицауадæй  ацы адæймæгты  нæ феддæдуар кæндзыстæм, кæцытæ йæм фæдзурынц? Уый комикон у.  Телефонæй йын  политикон фарстайыл  сæрмагондхъуыды  радзурын  фæтобæ кæнæм? Фæл арæх нæ партнертæ не мбарынц  реалон политикæ, уыдон сты дипломаттæ  æмæ фыссынц  «деолигархизаци».  Æмæ цæй мидæг ис йæ апп ацы ныхасæн? Алкæмæн чи мын  зæгъдзæн цмæй  Бидзина Иванившилийæн хъуамæ фæтобæ уа  политикæйыл ныхас кæнын, æз сæ ныхмæ  рацæудзынæн, уымæн  алы æмбæстагæн ис  конституцион бар,  телефыонæй æмæ æргомæй  радзура йæ хъуыды  политикæйы  тыххæй» –  банысан кодта Гиорги Маргвелашвили.