Гиорги Маргвелашвили - 2012 азы фæстæ медиа-æрдз ссæрибар ис æмæ медийы штурмтæ нал æрцæуынц, фæлæ цыдæр типы зынддзинæдтæ сын уæддæр æвзæрын кæнынц
Гуырдзыстоны 2012 азы фæстæ медиа-æрдз ссæрибар ис æмæ медийы штурм нал цæуы æххæст – уый фæдыл Гуырдзыстоны президент Гиорги Маргвелашвили, парламенты ралæуды рæстæджы загъта.
Æнæкæсгæ амæ, йæ аргълæвæрдæй цыдæр типы æнæтыхон фæлæ зындзинæдты аразæг митæ медийы æрдæм уæддæр æрцæуынц.
«2012 азы хъуыды кæнæм, оппозицийы куы уыдтæн, цы уавæрты уагъдтам æвзарæнон капани æмæ цахæм уыд медиа-æрдз. Фæцæгæйдæр , 2012 азы фæстæ медиа-æрдз ссæрибар ис æмæ медийы штурмтæ нал æрцæуынц, фæлæ цыдæр типы зынддзинæдтæ сын уæддæр æвзæрын кæнынц. Бафæрсут ма кæцыфæнды медийы минæвары – уыдон стрессы режимы кусынц, иугæндзонæй æнхъæлмæ кæсыны режимы сты, цæмæй сын цыдæр зындзинæдтæ сæвзæрын кæндзысты» – райхъусын кодта Гиорги Маргвелашвили.