Гиорги Квиркашвили фембæлд Японийы ног минæваримæ, Тадахару Уэхараимæ
Гуырдзыстоны премьер-министр Гиорги Квиркашвили фембæлд Японийы ног минæваримæ Гуырдзыстоны, Тадахару Уэхараимæ. Хицауады администрацийы информацийæ, базонгæйы равгы фембæлды сæйраг темæтæ уыд, Гуырдзыстон-Японийы дыууæфарсон ахастыты рапарахат кæнын, экономикон цæдисты фæарфдæр кæнын æмæ бæстæйы цæугæ реформæтæ.
Гуырдзыстоны премьер-министр Японийы минæварæн деталонæй æрзонгæ кодта бæстæйы архайæг уавæр инвестициты æрдгæй æмæ æндæр æмæ æндæр сферæты сæххæст кæнæ цæугæ реформæтæ. Разагъд уыд фæндон, Япони ноджы фылдæр бавдыст уа Гуырдзыстоны, сæрмагондæй та фæфылдæр уа япойнаг компаниты нымæц æмæ рапарахат уой бизнес-ахастытæ.
Японийы минæвар æвæрццаг аргъ скодта Гуырдзыстоны прогрессæн æмæ бæстæйы уæвæг уавæрæн. Тадахару Уэхара разагъдта интересджындзинад, баахъаз кæна Гуырдзыстонмæ фылдæр япойнаг компанийы æрбакæнынæн, дыууæфарсон æмгуыстады фæактивондæр кæнынæн æмæ экономикон цæдисты фæарфдæрæн.
Гуырдзыстоны премьер-министр бузныг загъдта япойнаг фарсæн хъæддых æмæ активон фарсхæцыны тыххæй ахæм приоритетон æмæ нысаниуæгджын фарстыты, цахæм дæр у бæстæйы суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинад.
Гиорги Квирикашвили Гуырдызстоны хицауады номæй сбæлвырд кодта æххæст цæттæдзинад, максималонæй баахъаз кæна Япониимæ дыууæфарсон æахастыты фæстæдæр рапарахат.
Фембæлдыл афтæдæр уыд, Гуырдызстоны премьер-министры уынаффæгæнæг æддæ ахастыты фарстыты Тедо Джапаридзе.