Гиорги Квирикашвили – Ханукайы цырагъ куы ссудздзынæн уæд кувдзынæн, цæмæй Израилы Гуырдзыстоны æмæ æппæт Дунейы уа сабырдзинад
Ханукайы цырагъ куы ссудздзынæн уæд кувдзынæн, цæмæй Израилы уа сабырдзинад, алы дзуттаг бинонтæм уа сабырад, Гуырдзыстоны уа сабырдзинад æмæ æппæт Дунейы мачиуал фена кæуындзаст сывæллæтты – уый фæдыл Гуырдызстоны премьер-министр Гиорги Квирикашвили Ханукайы бæрæгбоныл Тбилисы Стыр Синагогæйы загъта.
Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ, Гуырдзыстонæн 26 æнусон хæлардзинад уникалон у ай ахæм цау у, кæцы рæстæджы дæр дыууæ æфсымрæон нацийы æхсæн ис бирæ иумæйаг.
«Мæнæн стыр кад у, цæмæй ацы бон дзырдæй ралæууон махæн сеппæтæй хæстæг æмæ сеппæтæй рагон хæлар нацийы минæвæртты раз. Фæнды мæ раарфæ уын кæнон ацы иттæг нысаниуæгджын бæрæгбон, кæцыйæ банысан вæйы хæрзиуæг кæддæриддæр фыдбылызы кæй басæтты уый. Махæн гуырдзиæгтæн дæр, ацы бæрæгбон у символон æмæ уым, мах цы ран стæм, ацы сыхы Гуырдзстоны бавдыст сты алы традицион религийы минæварад, фæлæ Гуырдзыстонæн 26 æнусон хæлардзинад æцæгæй дæр уникалон у. Ай ахæм цау у æмæ махæн нæ дыууæ нацийæн ис бирæ иумæйаг. Ис нын иумæйаг истори, уый нымæцы иумæйаг тохы истори дæр, гуырдзиæгтæ дзуттæгты тыххæй куы хæцыдысты æмæ дзуттæгтæ та, кæцытæ Гуырдзыстоны цардысты, хæцыдысты гуырдзиæгты тыххæй. Тох кодтам кæрæдзийы культон религион бæстыхæйтты фервæзын кæнæнæн дæр. Æмæ ацы истори алкæмæн йæ зæрдыл лæууы. Фæнды мæ зæрдиагæй уын раарфæ кæнон ацы иттæг нысаниуæгджын бæрæгбон. Ханукайы цырагъ куы ссудздзынæн уæд кувдзынæн, цæмæй Израилы уа сабырдзинад, алы дзуттаг бинонтæм уа сабырад, Гуырдзыстоны уа сабырдзинад æмæ æппæт Дунейы мачиуал фена кæуындзаст сывæллæттæ. Махæн сидтытæ дæр иумæйаг сты, æмæ ныфсджын дæн, цæмæй нæ адæмты æхсæн историйы сеппæтæй зынаргъдæр сыфтæртæ фидæны æрцæудзысты фыст» – банысан кодта Гиорги Квирикашвили.