Гиорги Квирикашвили – Демократийы ахæм гъæды уавæрты, фылдæрты иу хъуыдыйыл уæвын, гæнæн нæй æмæ нæрайсгæ дæр уыдзæн
Гиорги Квирикашвили – Демократийы ахæм гъæды уавæрты, фылдæрты иу хъуыдыйыл уæвын, гæнæн нæй æмæ нæрайсгæ дæр уыдзæн

«Уыцы  процесстæ,  кæцытæ  абон   парламенты  цæуынц,    сты  абсолютонæй æрдзон»-  райхъусын  кодта Гуырдзыстоны премьер-министр Гиорги Квирикашвили,   депутат Гедеван Попхадзейы   фылдæртæй рацыды фæдыл комментарийы рæстæджы.

Премьер-министры ныхæстæм гæсгæ,   фылдæрты æхсæн хъуыдыты хъауджыдæрдзинад кæй зæгъын æй хъæуы ис  æмæ уыдзæн, æмæ фыддæр уыдаит  фылдæрты уæнгтæн алкæмæ  дæр æмхуызон  хъуыды  куы уыдаит уый.

«2012 азы   фæстæ Гуырдызстоны   сырæзт   бынтон   ног реалондзинад æмæ  бæстæ  æцæгæй дæр рахызт демократийы фæндагмæ.  Абон нæм ис демократийы  бынтон æндæр гъæд.  Æвзæрстытæ  сты  уæгъдибар, Медиа  у сæрибар,  æнæхицауадон  сектор,  гæнæн ис  æмæ  иуæй-иу сеппæтæй  активондæр у   æмæ ахæм  уавæрты тынг æвзæр уыдаит  цæмæй  115 лæгон фылдæры  хайæн   уыдаит абсолютонæй æмхуызон ахаст алы  фарсты æрдæм. Абон цæрæм ахæм демократийы уавæрты,  цахæм дæр нæ уыдис еикуы  хæдбар Гуырдзыстоны историйы дæргъы» –  загъта Квирикашвили.

Йæ ныхæсьтæм гæсгæ  ис   проблемæтæ зæгъгæ,   консолидаци куы  бахъæуы уæд, дæнцæн  конституцийы райсты  рæстæджы,  фæлæ ис  проблемæтæ,  фылдæрты  уæнгтæ иууылдæр иу  хъуыдыйыл   куы нæ  лæууынц уæд.

По его словам, существуют проблемы, когда необходима консолидация, например, при принятии конституции, но есть проблемы, когда все члены команды не могут быть едины во мнении.

Депутат Гедеван Попхадзе, 4 апрелы райхъусын кодта,   цæмæй  парламентон  фылдæрты скондæй  рацыд.