Гиорги Квирикашвили – Демократийы ахæм гъæды уавæрты, фылдæрты иу хъуыдыйыл уæвын, гæнæн нæй æмæ нæрайсгæ дæр уыдзæн
«Уыцы процесстæ, кæцытæ абон парламенты цæуынц, сты абсолютонæй æрдзон»- райхъусын кодта Гуырдзыстоны премьер-министр Гиорги Квирикашвили, депутат Гедеван Попхадзейы фылдæртæй рацыды фæдыл комментарийы рæстæджы.
Премьер-министры ныхæстæм гæсгæ, фылдæрты æхсæн хъуыдыты хъауджыдæрдзинад кæй зæгъын æй хъæуы ис æмæ уыдзæн, æмæ фыддæр уыдаит фылдæрты уæнгтæн алкæмæ дæр æмхуызон хъуыды куы уыдаит уый.
«2012 азы фæстæ Гуырдызстоны сырæзт бынтон ног реалондзинад æмæ бæстæ æцæгæй дæр рахызт демократийы фæндагмæ. Абон нæм ис демократийы бынтон æндæр гъæд. Æвзæрстытæ сты уæгъдибар, Медиа у сæрибар, æнæхицауадон сектор, гæнæн ис æмæ иуæй-иу сеппæтæй активондæр у æмæ ахæм уавæрты тынг æвзæр уыдаит цæмæй 115 лæгон фылдæры хайæн уыдаит абсолютонæй æмхуызон ахаст алы фарсты æрдæм. Абон цæрæм ахæм демократийы уавæрты, цахæм дæр нæ уыдис еикуы хæдбар Гуырдзыстоны историйы дæргъы» – загъта Квирикашвили.
Йæ ныхæсьтæм гæсгæ ис проблемæтæ зæгъгæ, консолидаци куы бахъæуы уæд, дæнцæн конституцийы райсты рæстæджы, фæлæ ис проблемæтæ, фылдæрты уæнгтæ иууылдæр иу хъуыдыйыл куы нæ лæууынц уæд.
По его словам, существуют проблемы, когда необходима консолидация, например, при принятии конституции, но есть проблемы, когда все члены команды не могут быть едины во мнении.
Депутат Гедеван Попхадзе, 4 апрелы райхъусын кодта, цæмæй парламентон фылдæрты скондæй рацыд.