Гиорги Къвирикашвили - æппынфæстаг нысан у Гуырдзыстоны ауадзæм зымæджы олимпиадæ
Гуырдзыстоны премьер-министр Гиорги Къвирикашвили хъусын кæны, цæмæй зæгъгæ æхсæнадæмон олимпион комитеты президентимæ Томас Бахимæ цымидисон фембæлд сырæзт.
Премьер-министр куыд банысан кодта афтæмæй, фембæлдыл æркастысты Гуырдзыстоны зымæджы спорты хуызты æмæ хæххон курортты райтынгы перспективæ.
«Иттæг цымидисон фембæлднын уыд, олимпион комиететы президентимæ. Æркастыстæм зымæджы спорты хуызты æмæ хæххон курортты райтынгы перспективæ Гуырдзыстоны. Аскуыддзаг ис, цæмæй æввахсдæр фидæны, Гуырдзыстонмæ æрцæудзæн æхсæнадæмон экспертты къорд, кæцы махимæ иумæ æркæсдзæн райтынгы перспективæтæ. Æппынфæстаг нысан к, Гуырдзыстоны ауадзæм зымæджы спортивон олимпиадæ.
Уый тыххæй нæ хъæуы стратегий, райтынгы план æмæ ацы планы бакусыны тыххæй æрцæудзæн растдæр ацы къорд Гуырдзыстонмæ. Нæ хъуыдымæ гæсгæ, иттæг нысаниуæгджын хъуыддагмæ æрывнæлдтам. Стыр ныфс мæ ис, цæмæй экспертты къордимæ иумæ бакусдзыстæм тынг амбицион планы æмæ нын уыдзæн архайадон план æрвылазон архæйдтытæн» – расидтис Гиорги Къвирикашвили.