Гиорги Къвирикашвили – 2017 азы Гуырдзыстон аккагæй  бахъом ис  бирæ  расидтæн
Гиорги Къвирикашвили – 2017 азы Гуырдзыстон аккагæй бахъом ис бирæ расидтæн

Гуырдзыстоны президент  Гиорги Маргвелашвили æмæ   премьер-министр  Гиорги Къвирикашвили  Гуырдзыстоны аккредитаигонд   дилпломативон   корпусы  æмæ  æхсæнадæмон  оргнаизациты  минæвæрттæ  иумæйаг ног азы размæ  райстыл  афысым кодтой.

Гуырдзыстоны  хицауады сæргълæууæг   алкæмæн раарфæ кодта  æрлæууæг  ног аз  æмæ ææрдхорд бæтæты  минæвæрттæн  тынг  фæстиуæгджын æмгуыстады тыххæй  бузныг  загъта.

«Махæн иумæйаг   нысан  у  нæ  бæстæты размæцыд,  цæй зæгъын æй хъæуы   æппæт дунейы сабырад фæфидар кæнын æмæ ацы фæндагыл  ис  тынг бирæ  сидт.   Ацы сидтыты  раз  цивилизацигонд   дуней  иумæ лæууы  æмæ   растдæр   иумæ луды   бирæ днц фенæг стæм мах.   Фæнды мæ  ноджы иу хатт   зæгъон бузныг  фыццаджы дæр уыцы æфсæддæттн,  кæцытæ æхсæнадæмон   мисситы  исынц хайад æмæ  глобалон æдасдзинад  æмæ сабырад хъахъхæнынц,  уыдон нымæцы сæрыстырæй  лæууæг  Гуырдзыстоны æфсæддæттæн дæр» –  расидтис премьер-министр.

Хицауады  сæргълæууæгы  аргълææрдæй,  2018 азы  Гуырдзыстон  банысан кæндзæн   иттæг нысаниуæгджын датæ –  фыццаг Гуырдзиаг Республикæйы  100 азысæр.

«20-æм æнусы   райдианы   иттæг нысаниуæгджын хабар æрцыд –  Гуырдзыстон сарызта  демокративн республикæ, кæцы тынг цъус   рæстæг фæцардис,  фæлæ æппæт уый фæстæ  азты  дæргъы, æнæиу  адæймаджы  хъайтардзинад  нывондаг уыдис   паддзахаддзинады  ногæй рацарæзтæн.  90-æм азты   райдианы  сæххæст уый,  кæцымæ  бæллыд бирæ фæлтæры адæймаг, æмæ Гуырдзыстон сæндидзын кодта  хæдбардзинад.  Ацы аз  мах  нæ партнер  бæстæимæ иумæ сбæрæгбон кодтам дипломативон  ахастыты  сног кæныны 25 азы  юилей, æмæ мæ фæнды ноджы иу  хатт  уын зæгъон бузныг  ахæм æнтыстджын 25 азон  æмгуыстады  тыххæй . 2017 аз,  æцæгæй дæр  зæгъæн ис, цæмæй уыд  æнтыстытæй  едзаг, афтæдæр сидтытæй, кцытæн Гуырдзыстон  аккагæй  бахъом ис.  Афтæдæр уыдис  стыр æнтыстытæ.  Сæрмагондæй банысан кæнинаг у,   визалиберализаци, кæцы махæн,  Гуырдзыстоны æмбæстæгтæн   нæ уыд æрмæстдæр  æнæвизæ змæлды  бар,  – ай уыд  Евроцæдисы æрдгæй  Гуырдзыстоны æрдæм  æууæнкы  сегасæй стыр   æвдыст æмæ  кй зæгъын æй хъæуы  ай уыд нысаниуæгджын  политикон  къахдзæф,  кæцыйæ  Европæ  йæ размæ рацыд    Гуырдзыстонæн европаг æмæ  евроатлантикон  интеграцийы  фæдфæдон къурсыл» –  банысан кодта Гиорги Къвирикашвили.

Гуырдзыстоны премьер-министр,    Гуырдзыстоны  хæлар паддзахадтæн,  дипломаттæн  æмæ сæ бинонтæн ракуывдта  сабырад  ææ æнтыстытæ.
Хицауады сæргълæууæг, президентимæ иумæ, афтæдæр цæст ахастой   президенты администрацийы   арызт равдыстыл «Хæдбардзинадæй  Сæрибардзинады онг»

Ног Азы  агъоммæ  райстыл  уыдысты,   Гуырдзыстоны æххæстгæнæг  æмæ  закъондæттæг, афтæдæр  тæрхонон хицауады,  сæйраг сахары хицауады,  дипломативон корпусы  æмæ æхсæнадæмон  организациты минæвæрттæ.