Гиорги Кахиани – мæнгарддзинад у, Уæрæсейы фæдыл нæ куы критикæ кæнынц, Евроцæдисы бæстæтæй бирæтæ архайынц Уæрæсеимæ базарадон ахастытæ саразыныл
Цас фылдæр рæстæг цæуы, афтæ хуыздæр зыны, цæмæй Уæрæсейы ныхмæ экономикон санкциты фæдыл нæ позици уыд раст æмæ националон интерестæн лæггад кодта– уый фæдыл парламенты вице-спикер Гиорги Кахиани расидтис.
Йæ ныхасмæ гæсгæ, Гуырдзыстон дывæрсыг санкцитæ уымæн нæ сарæзта, æмæ уый бæстæйы экономикæйæн уыдзæн катастрофон.
«Уыцы рæстæджы, кæд æмæ нæ критикæ кæнынц Уæрæсейы фæдыл, Евроцæдисы къорд бæстæ архайы Уæрæсеимæ базарадон ахастытæ саразыныл. Куыд рабæрæг, афтæмæй Лиетувæ Уæрæсемæ дыууæ хатт фылдæр сæн ласы Гуырдзыстонæй, æмæ Германы канцлер домдта, цæмæй Германи нефты санкцитæй ссæрибар уа. Бæрæг кæны, цæмæй Евроцæдисы бæстæтæ Уæрæсеимæ æндæр æмæ æндæр формæты базар кæнынц, уый фæдыл критикæ куы цæуы, уæд. мæнгарддзинад иуæрдыгæй сæхи интерестæ бахъахъæнынмæ хъавынц, фæлæ цыма Гуырдзыстоны интерестæ уыдонæн ницы æвдисынц, Кæй зæгъын æй хъæуы, нæ интерестæ хъахъхъæндзыстæм, уымæн æмæ алы бон дæр бæрæг кæны, цæмæй нæ позици уыд раст», -расидтис Гиоргий Кахиани.