Гиорги Гахариайы инициативæйæ АИШ-ы сенаторимæ, юридикъон комитеты сæрдар Линдси Греммимæ, телефонон ныхас сырæзт
Гуырдзыстоны премьер-министр Гиорги Гахариайы инициативæйæ АИШ-ы сенаторимæ, юридикъон комитеты сæрдары æмæ Сенаты æддæ ахастыты æмæ хардзы æхца фидар кæныны комитетты уæнг Линдси Греммимæ, телефонон ныхас сырæзт.
Фарсытæ æркастысты Аиш_Гуырдзыстоны фидар партнерад æмæ дыууæ бæстæйы æхсæн уæвæг цæдисты дарддæры арахат кæныны амæлттæ.
Премьер-министр гуырдзиаг адæмы номæй АИШ-æн гуырдзыстоны æнæнизхъахъхъæды системæйы æмæ сæ нымæцы Лугары центры фæтынг кæнынæн æххуысы тыххæй раарфæ кодта. Банысан ис Лугары лабораторийы сæрмагонд нысаниуæг ног коронавирусæй расайгæ пандемийыл фæтыхуыны æрдæм тыхархайды æнтысты.
Гуырдзыстоны премьер-министр деталонæй фæныхас кодта уыцы хъавгæ къахдзæфтыл, кæцытæ арызт цæуынц бæстæйы байгом кæныны æмæ экономикæ сæндидзын кæныны æрдæм.
Фарсытæ афтæдæр æркастысты Уæрæсейы архæйдтæ æнæзакъонон «бордеризацийы» процесс адарддæр кæныны æрдгæй, кæцы æххæст цæуы пандемийы параллелонæй.