Гиорги Гахариайы фидиуæнæй, æввахс бонты коронавирусæй инфицирады бæрæггæнæн 1000-æй ахиздзæн
Премьер-министр Гиорги Гахариайы фидиуæнæй, æввахс бонты коронавирусæй инфицирады бæрæггæнæн 1000-æй ахиздзæн.
Уый фæдыл премьер фехъусын кодта хицауады рабадты фæстæ.
«Уыдис нын хицауады рабадт, кæцымæ хицауадæй уæлдай, фæхуыдтам эпидемиологты, горæты мэры, цæмæй райстаиккам бæрæг уынаффæтæ бæстæйы эпидемиологион уавæрмæ гæсгæ. Зондзыстут æй цæмæй абон æмæ фæстаг бонты дæргъы, дунейы сфиксир ис инфицирады рекордон бæрæггæнæн. Дæнцæн, знон уыдис 381 мины. Абон Гуырдзыстоны нын ис рекордон нымæц -919 фæрынчынуæвæг адæймаг, цæй зæгъын æй хъæуы, серьозон нымæц у æмæ бæрæг куыд у афтæмæй, æввахс бонты 1000-æй ахиздзыстæм. Алчи хъуамæ æмбарæм цæмæй дунейы ницы амал ис эпидеми цырдæй бауромынæн, карз арæнæвæрдтæй æмæ локдаунтæй дарддæр» – фехъусын кодта Гахариа.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, вирус контрол кæныны процессы, хицауады стратеги уыдзæн ранæй-рæтты бахъуаджы цаумæ гæсгæ арæнæвæрдтæ.
«Фæлæ нын ис врус контрол кæныны æмæ æдапатацийы фæдфæдон пълан. Уымæн йæ нысаниуæгы сæйраг компонент у бæстæйы дарддæры экономикон рæзынад æмæ цырдæй сæндидзын кæнын. Алчи нæ зæрдыл дардзыстæм, цæмæй æнæкæсгæ глобалон æртъхъирæнмæ, экономикон конкуренци посткризисон экономикæйы уыдзæн абсолютонæй æндæр æмæ нæ сæйраг нысан у, ацы кризисæй рафтæ фервæзын, æмæ минималон зиан æрхæссæм нæ æмбæстæгты æнæниздзинадæн æмæ иурæстæгонæй, нæ бæстæйы экономикæйæн. Уый тыххæй нæ сæйраг стратеги ацы æрдæм у ахæм – арæнæвæрдтæ фидар кæнын æрмæст хъæугæ рæтты, кæцы у æнæмæнгхъæугæ æмæ кæцыйæн хъуамæ уа цырд фæстиуæг» – фехъусын кодта Гиорги Гахариа.