Гиорги Гахариа – тæфæрфæс кæнын Тамар Бачалиашвилийы бинонтæн, ацы трагеди бинонты фæлгæттæй рахызт æмæ бæстæйы трагедийæ ссис
Гуырдзыстоны премьер-министр Гиорги Гахариа 23 аздзыд Тамар бачалиашвилийы бинонтæн тæфæрфæс кæны.
Æвзонгы мæлæты æмæ ацы хъуыддаджы фæдыл премьер-министр фæныхас кодта хицауады рабадтыл.
«Æвзонг чызджы мæлæт æбæрæг уавæрты у иттæг уæззау цау. Фыццаджы дæр мæ фæнды тæфæрфæс ракæнын йæ бинонты уæнгтæ, фæлæ ацы трагеди у бæстæйы трагеди æмæ уый тыххæй дæр алчи нæ зæрдыл хъуамæ дарæм, цæмæй бацауæрдæм нæ бинонтыл æмæ фылдæр бæрнæй уæм ахæм трагикон цауты рæстæджы», – загъта Гиорги Гахариа.
Фæнысангонд хъуыддаджы алыврас æхсæнады бæрзонд интересы тыххæй, Гиорги Гахариа, афтæдæр баздæхт мидхъуыддагты министрадмæ æмæ йын хъуыддаджы фæдагуырды фæдыл æмбæстæгты проактивон информиркæнын бахæс кодта.
«Фæнды мæ мидхъуыдæгты министрадæн ноджы иу хатт бахæх кæнын, æмбæстæгтæн проактивонæй дæтта информаци фæдагуырды фæдыл. Уый у иттæг нысаниуæгджын, цæмæй ма баззайа иунæг тыгъдад дæр уымæн, цæмæй дзы иуæй-иутæ спайда кæной цавæрдæр спекуляцитæн. Кæй зæгъын æй хъæуы, фыццаджы дæр цырд æмæ эффективон фæдагуырд, фæлæ уыйимæ иумæ, абон сегасдæр нысаниуæгджын у проактивон информиркæнынад, фыццаджы дæр бинонты æмæ стæй та дзыллæй», – райхъусын кодта Гиорги Гахариа.
Афтæма, йæ ныхæстæм гæсгæ, алчи хорз зоны бæстæйы фæдагуырдимæ баст проблемæты тыххæй, æмæ уымæ гæсгæ, райдыдта ацы æрдæм системон реформæтæ.