Экономикон рæзынад, кусæнуаттæ æмæ инвестицитæ баахъаз кæнын у Гуырдзыстоны хицауады сегасдæр сæйраг приоритет æмæ ацы процессы бизнесæн æххуысæн ис егъау нысаниуæг, – уый фæдыл Гуырдзыстоны пермьер-министр Гиорги Гахариа, хицауады администрацийы ставд куыстдæтджытимæ фембæлды рæстæджы райхъусын кодта.
Премьер-министр фæныхас кодта бæстæйы ноябрæй райдайгæ арæнæвæрдты фæстиуджытыл æмæ фехуъсын кодта, ома архайæг регуляциты фæстиуæгæн райсгæ стабилизаци, бæстæйæн ратта ресурс, арæхсгай, фæткæвæрд хъахъхъæнгæйæ этапгай сног кæна туризм, кæцы бæстæйы экономикæйы иуæй-иу сæйраг змæлынгæнæг тых у æмæ ма уæлæмхас туаггуыр ратта экономикон сæндидзын кæныны процессæн.
Уымæй уæлдай ма, бæстæйы адарддæр уыдзæн структурон экономикон реформæтæ, райрæздзысты капиталон хардзтæ, фæцыддæр уыдзæн паддзахадон исады приватизаци, афтæма паддзахадон кондадты системон реформæ, цæмæй сæ фæткдæттынад корпорацион фæткдæттыны бæрзонддæр стандарттæм баввахс уа.
Гиорги Гахариа ставд куыстдæтджытæн ноджы иу хатт сбæлвырд кодта цæттæдзинад, йæхæдæг баиу уа фæткдæттыны нысаниуæгджын фарстæтæ аскуыддзагы процессмæ æмæ уа гарант, закъоны фæлгæтты бизнесæн ахсджиаг кæцыфæнды проблемон фарстæйы цыбырдæр æмгъуыдтæм алыг кæнынæн, сæ нымæцы пандемийы тыххæй сæвзæргæ зындзинадæты фоныл проектты æнæкуылымпыйæ реализацийы æрдгæй.