Гиорги Гахариа – Сау Денджызыл Уæрæсейы фæтыхджындæры фоныл, НАТО-йы уæвын у критиконæй нысаниуæгджын
НАТО-имæ фидар ахастытæ сты Гуырдзыстоны политикъæйы æмæ йæ æдасдзинады бындур – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр Гиорги Гахариа Батумы, НАТО-Гуырдзыстоны камисы рабадты байгомыл, арфæйы ныхасы рæстæджы райхъусын кодта.
«Ай атлантикон советы фæндзæм визит у Гуырдзыстонмæ, кæцы комкоммæ амоны НАТО-йы æрдгæй Гуырдзыстонæн æххуысыл, цæй тыххæй дæр Гуырдзыстоны хицауады номæй уын дзурын бузныг. Фæнды мæ афтæдæр НАТО-йы алкæцы уæнгæн зæгъон бузныг, уымæн æмæ йæ фарс хæцут Гуырдзыстоны территорион æнæхъæндзинадæн æмæ хæдбардзинадæн æхсæнадæмонæй нымад арæнты, афтæдæр сеппæтæй нысаниуæгджын, нæ демокративон институтты рæзынадæн. НАТО-имæ фидар ахастытæ сты Гуырдзыстоны политикъæйы æмæ йæ æдасдзинады бындур. Ацы визит, кæцы æххæстæуы батумы, у символон, уымæн æмæ амæй размæ НАТО æмæ Гуырдзыстоны æмгуыстады фæзындис ног тыгъдад, кæцы æххæссы сау денджызы æдасдзинадмæ. Алчи æмбарæм, цæмæй æдас сау денджыз у æдас евро-атлантикон тыгъдады гарант æмæ Хъырымы анексийы фæстæ Уæрæсе куы фæтыхджындæр ис сау денджызы тыгъдады уый фæстæ, Кæй зæгъын æй хъæуы, НАТО-йы минæварад Сау денджызы у критиконæй нысаниуæгджын», – райхъусын кодта Гиорги Гахариа.