Гиорги Гахариа – Регионы нæ функци, фыццаджы дæр, у  æдасдзинад æмæ  ацы æрдæм нæ æмгуыстад  АИШ-имæ  исы  фылдæр  уæз  æмæ  мидис
Гиорги Гахариа – Регионы нæ функци, фыццаджы дæр, у æдасдзинад æмæ ацы æрдæм нæ æмгуыстад АИШ-имæ исы фылдæр уæз æмæ мидис

Алы амæлттæй  хъуамæ бацархайæм,  цæмæй  не стратегион партнеримæ, АИШ-имæ  сæрмагондæй  та  æдасдзинады   сферæйы,  коопераци фылдæр  эффективон уа, –  уый фæдыл  Гуырдзыстоны премьер-министр  Гиорги Гахариа,  хицауады  абоны  рабадтыл райхъусын кодта.

Гиорги Гахариа куыд банысан кодта афтæмæй,   паддзахадон департаменты  хыгъдлæвæрды, кæцы  æххæссы   терроризмы фæдыл  2019  азы  бæрæггæнæнтæм,   Гуырдзыстоны специалон   куыстты   архайынхъомдзинад тынг бæрзонд аргълæвæрд райста.

«Алчи дзæбæх хъуамæ æмбарæм уый, цæмæй  нæм нæхи функци ис  регионы,  ацы  функци, фыццаджы дæр, у  æдасдзинад æмæ  сабырдзинад.   Ацы æрдæм нæ æмгуыстад  АИШ-имæ  исы  фылдæр  уæз  æмæ  мидис», –  загъта Гахариа.