Гиорги Гахариа - райдайæм уæрæх иртасæн, цавæр тæфаг уыдзæн «Ковид-19»-ы эпидемийæн нæ цардуагы æндæр æмæ æндæр сферæтæм
«Ковид -19»-мæ гæсагæ хицауады арызт къахдзæфты фæдыл хагъдлæвæрдыл куыст нын ирдæй равдыста, цæмæй у тынг дзæбæх фадат, лæмæгъ бынæттæ рарагом кæнынæн, кæцы нын кæй зæгъын хъæуы уыдис- уый фæдыл гуырдзыстоны премьер-министр Гиорги Гахариа, хицауады рабадтыл райхъусын кодта.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, дыккаг уылæнмæ эффективон бацæттæйы нысанæй, фæнысангонд хыгъдлæвæрдæй спайда кæндзысты, цардуагы æндæр æмæ æндæр сферæтæм эпидемийы тæфаг лæмбынæг раиртасынæн.
«Уый тыххæй цæмæй эффективонæй дæр уæм цæттæ гæнæн дыккаг уылæнмæ, кæцыйыл бирæ ныхас цæуы, фæнды нæ спайда кæнæм ацы хыгъдлæвæрдæй, зæгъæм, фыццаг кахдзæфау, цæмæй æхсæнадæмон пратнертимæ иумæ, «Ковид-19»-ы вирусы эпидемийы , нæ царды æндæр æмæ æндæр сферæтæм æндæвдады, уæрæх иртасæнмæ рывналæм. Зæгъхæм социалон-политикон цард, адæймаджы бартæ, сывæллæтты бартæ, барадон процесстæ æмæ а.д. Кæд æй глобалон пандемийæ хонæм, уæд йын эффективон дзуапп кæнæм, уымæн æмæ конетролы бын дарæм рисктæ, уый тыххæй дæр ногæй рагфæдзæхст кæнын хъæуы нæ социалон царды алы сферæтæ, цæмæй адаптаци уа æнæ æрмæст экономикæмæ, фæлæ ма цардуагы æндæр æмæ æндæр сферæмæ. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, нæ æхсæнадæмон партнертæ æмæ доннортæ нын баххуыс уыдзысты ахæм иртасæнтæ саразын максималонæй цыбырдæр æмгъудтæм»- фехъусын кодта премьер.
Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, уый уыдзæн тынг дзæбæх фадат, бæстæ хуыздæр бацæттæ уа гæнæн дыккаг уылæнмæ æмæ афтæдæр уыдзæн фадат, æхсæнадæмон партнертæн фæхай кæны гуырдзыстоны фæлтæрддзинад.