Гиорги Гахариа – посткризисон пъланыл кусæм  Кэмбриджы, лондоны университетты æмæ Делойты Нью_Йоркы  офисы минæвæрттиммæ
Гиорги Гахариа – посткризисон пъланыл кусæм Кэмбриджы, лондоны университетты æмæ Делойты Нью_Йоркы офисы минæвæрттиммæ

Экономикæйы цæстæнгасæй,  ацы  кризисы  сегасдæр стыр проблемæ  у   прогноз  саразын  гæнæн кæй  нæй  уый, уый  у  стыр быцæусидт   экономикæйæн  æмæ  кæй зæгъын æй хъæуы, нæ  чысыл, иттæг  æргом экономикæйæн  ноджы  стырдæр æмæ уæззаудæр быцæусидт у, – уы фæдыл  Гуырдзыстоны премьер-министр  Гиорги Гахариа  æхсæнуагдонон  координацион советимæ æмархайæг  экономикон   къорды рабадтыл, антикризисон  Бюджеты   презентацийыл  райхъусын кодта.

Хицауады сæргълæууæгы дзырдæй,   зæгъгæ уый тыххæй  Гуырдзыстоны  стыр бæрн у уый, цæмæй  уыцы  чысыл ресурсæй, кæцы  бæстæмæ ис,   максималонæй рæстагæй æмæ эффективонæй   хъæуы  райуарын  эконмикæйы  сеппæтæй  зианбаййафæг  сектортыл.

«Растдæр уый тыххæй,  бавдыстам антикризисон пълан, кæцы æххæссыд   фыццаджы дæр туристон  сектормæ,   хъæууон  хæдзарадмæ,  девелопментмæ,  ахуырадмæ æмæ афтæ  дарддæр кæндзыстæм фæндаг.  Алцыппæт, цæуылдæр   абон фæныхас  кæндзыстæм,  у  антикризисон бюджет.  Уый нæу  баст посткризисон   экономикæ  сæндидзынимæ,  уый  у  хицæн фарст, кæцыйыл иумæ  кусæм, куыд мидæг, афтæ æхсæнадæмон   бæрзонд æмвæзады профессионалтьимæ. Ныридæгæн  нын арызт у  цалдæр кусæн  къорд  Лондоны,  Нью-Йоркы æмæ  кæй зæгъын æй хъæуы,  Гуырдзыстоны, цыран  хъуыддаджы  баст сты  Кэмбриджы, Лондоны университетты  профессурæ  æмæ  Нью-Йоркы  офисы  минæвæрттæ.   Уый  уыдзæн пълан кæцы  здæхт уыдзæн  2021-2023 азты  экономикон  рандидзынмæ», – райхъусын кодта Гиорги Гахариа.