Полицийы кусæгы мызд адекватон нæу – райхъусын кодта Гуырдзыстоны мидхъуыддæгты министр Гиорги Гахариа Фыццаг Къаналы алæвæрд «Ахали Къвирайы»-йы (Ног къуыри).
«Нæй гæнæн цæмæй 800 лари уа адекватон мызд уыцы адæймагæн, кæцы бæрнон у æндæрты цардыл, æдасдзинадыл, æнæниздзинадыл æмæ намысджынæй æххæст кæны йæ хæстæ» – загъта Гахариа.
Мидхъуыддæгты министры ныхæстæм гæсгæ, МХМ-ы сæйраг реформæтæ уыд, æмбæстагон компоненты оптимизаци, кæцы базызт сæххæсты этапмæ. «Аивдтам 400-ййы онг позицийы. Уый у æнææрмæст мыздты экономи. Фæлæ ма транспорты артагы æмæ а.д. цыдæриддæр фæнысангонд позицитимæ у сты баст уый æппæт» – бафтыдта ма Гахариа.