Гиорги Гахариа - нысаниуæгджын у Гуырдзыстоны ног ролы фæбæрæг кæнын Сау Денджызы æдасдзинады æрдгæй, кæцы у фадæтты рудзынг НАТО-имæ ахастытæ фæарфдæр кæнынæн
Махæн сегасдæр нысаниуæгджын у Гуырдзыстоны функци, ног ролы рабæрæг кæныны Сау денджызы æдасдзинады сферæйы, кæцы у нæ фадæтты рудзынг НАТО-имæ аъхастыты фæарфдæр кæнынæн – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр Гиорги Гахариа НАТО-йы генералон нымæрадр Йенс Столтенбергимæ фембæлды фæстæ прессконференцийыл райхъусын кодта.
Хицауады сæргълæууæгы аргълæвæрдæй, фарсытæ фембæлды рæстæджы иумæйагæй банысан кодтой цæмæй ивгъуыд азы НАТО-Гуырдзыстоны æхсæн уыд тынг динамион æмгуыстад практикон æмвæзапдыл, уый нымæцы ахуырты æрдгæй.
«2019 аз сæрмагондæй фендтаг афæдз ацы контектсы. Иурæстæгонæй бæлвырд кæнæм цæттæдзинад, цæмæй реформæтæ æндæр æмæ æндæр æрдæмадæй дарддæр кæнæм, кæцы иттæг нысаниуæгджын у. Хъуамæ фæарфдæр уа æмгуыстад НАТО-ы æмæ Гуырдзыстоны æхсæн. Махæн сегасдæр нысаниуæгджын фадыг у Гуырдызстоны функци, ног ролы фæбæрæг кæнын Сау Денджызы æдасдзинады сферæйы. Уый у нæ фадæтты рудзынг уый тыххæй цæмæй НАТО-имæ фæарфдæр кæнæм ахастытæ. Ацы рæстæджы иттæг нысаниуæгджын сты уыцы æвзæрстытæ кæцы Гуырдзыстоны тагъд ацæудзысты. Гуырдзыстон бæлвырд кæны цæмæй алцыппæт сараздзæн сæрибар æмæ рæстаг æвзæрстытæ ауадзынæн. Уый уыдзæн ноджы иу размæ къахдзæф бæстæйы консолидацидзинады æрдæмæ æмæ дарддæры къахдзæфтæ уыдзæн НАТО-имæ æмахасты фæарфдæр кæнын политикон цæстæнгасæй» – банысан кодта Гиорги Гахариа.