Гиорги Гахариа - ныр саккаг кæнут камисы кæронмæ бакæнын, рахæссут æмбæлон рекомендацитæ æмæ хатдзæгтæ, æмæ уый фæстæ адарддæр кæнæм уынаффæ
Æнхъæлмæ кæсæм фæдæвзарæг камисы рекомендацитæм æмæ хатдзæгтæм, камис уый тыххæй сырæзт, цæмæй сбæрæг кодтаит æрцыдысты ахæм фактытæ – уый фæдыл мидхъуыддæгты министр Гиорги Гахариа, райхъусын кодта рæстæгмæ фæдæвзарæг камисы рабадтыл, Отра Кахидзейы фарсты дзуаппæн.
Кахидзе бафарста министры, æнæмæнгхъæугæйыл нымайы æви нæ фæдвзарæн райдайын, цæмæй сбæрæг уа, спайда кодта æви нæ прокуратурæйы раздæр кусæг Мирза Субелиани йæ зонгæдзинад кæнæ кусæн мæцъистæ, Хоравайы уынгыл марындзинады хъуыддаджы фæдвзарын фæкуылмпы кæнынæн.
«Уый у уæ рард æмæ мах та æнхъæлмæ кæсæм уæ камисы хатдзæгтæм. Уый тыххæй уæ сæмбырд кодтой, цæмæй фæбæрæг уа, уыдысты ахæм фактытæ æви нæ – уый иу. Æмæ Дыууæ – уæ логикæмæ гæсгæйæ, мах хъуамæ систаиккам фæдæвзарæг Пипиайы телефонон н дзырдтæ иууылдæр æмæ фæдæвзарын райдыдтаиккам? Уый тыххæй сырæзт камис, уый тыххæй уæ сымбырд кодтой ам, æмæ ныр саккаг кæнут камисы куыст кæронмæ бакæнын, рахæссут æмбæлон рекомендацитæ æмæ хатдзæгтæ, æмæ уый фæстæ адарддæр кæнæм уынаффæ кæнын» – банысан кодта Гиорги Гахариа.