Гиорги Гахариа – Ныр мæ нæ дæр рейтингтæм æвдæлы æмæ нæдæр разæвзарæнон кампанимæ, 24 сахаты дæргъы кусын хъæуы, цæмæй адæмæн, кризисæй æрхæсгæ зиан фæкъаддæр кæнæм
Ерын мæ нæ дæр рейтингтæм æвдæлы æмæ нæдæр разæвзарæнон кампанимæ кæнæ номхыгъдтæм, – уый фæдыл Гуырдзыстны премьер-министр, Гиорги Гахариа загъта журналисттæн.
Гиорги Гахариа куыд банысан кодта, афтæмæй, абон фылдæр нысаниуæгджын у кризисы экономикон сконд.
«Бауырнæнт уæ, хуымæтæджы нæ дзурын, нæ мæ фæндыд ацы темæйыл ныхас, фæлæ æцæгдæр серьозон кризисы уавæрты стæм. Тынг хорз æмбарæм, цæмæй абон, бонæй-бон нысаниуæгджындæр кæны кризисы экономикон сконд. 24 сахаты режимæй кусын хъæуы, цæмæй Гуырдзыстоны алкæцы æмбæстагы бинонтæн, уыцы зиан, кризисæй цы бавзæрстой, уымæн æмæ ацы дæмæн хæдзармæ æфтиаг фæкъаддæр ис, æмæ ацы зиан цыбырдæр æмгъуыдтæм баххæст кæнæм æмæ уымæн хъæуы серьозон концентрацийæ кусын», – райхъусын кодта Гиорги Гахариа.