Гуырдзыстоны премьер-министр Гиорги Гахариа, Сомихыстоны премьер-министр Никол Пашинянæн гуырæнбон раарфæ кодта. Гиорги Гахариайы арфæйы тексты, публикаци кæны Сомихыстоны премьер-министры веб-фарс.
«Цытджын Никол, фæнды мæ раарфæ дын кæнон дæ гуырæн бон, æнæниз у æмæ дын æрвитын æппæт хуыздæр арфæтæ æмæ æнтыстытæ уе ахсджиаг куысты. Спайда кæнин фадатæй, æмæ ныфс разæгъин, цæмæй Гуырдзыстон æмæ Сомихыстоны æхсæн уæвæг хæстæг ахастытæ, кæцытæ традицион хæларадыл æмæ кæрæдзион æмбарынадыл бындурæвæрд сты, фидæны ноджы фæарфдæр уыдзысты æмæ рапарахат уыдзысты дыууæ бæстæйы адæмты æмæ интересты пайдайæн.
Фæнды ноджы иу хатт разæгъон ме стыр цыты тыххæй æмæ нæ бæстæты æхсæн ахастытæ фæарфдæр кæныны æрдæм цæттæдзинад фехъусын кæнын. Зæрдиагæй уын арфæ кæнын æмæ уын æнæниздзинад, æнтыстытæ зæгъы мæ зæрдæ», – дзырдæуы Гиорги Гахариайы фыстæджы.