Гиорги Гахариа – миййаг æвзæрстыты фæстæ парламентон къамис саразыны рæстæг æрлæууыд, кæцыйыл бавдыст уыдзæн алы фарста, къамисы фæлгæтты æхсæнад бирæ цымидисон хъуыддæгтæ базондзæн
Иттæг тæссаг зонæмæ хизынц, уымæн æмæ ныридæгæн райдайын хъуыды кæнын, ома æрлæууыд æви нæ уый афон, цæмæй æвзæрстыты фæстæ арызт æрцæуа парламентон комисси, кцыйы фæлгæтты бавдыст уыдзæн алы фарста, кæцыты «Картули Оцнебайы» ранымадтой – уый фæдыл райхъусын кодта парти «Гахариа Гуырдзыстоны Тыххæй»-ы сæрдар Гиорги Гахариа абоны брифингыл.
Гиорги Гахариайы бафарстой уиы тыххæй.
Гахариайы дзырдæй, зæгъгæ уый уырнæг у, парламентон къамисы фæлгæтты дзыллæ уымæн тынг цымидисон бирæ цыдæр базондзæн.
«Бакастæн сæ текст, хъусгæ йæм нæ байхъуыстон. Мамука Мдинарадзе уыцы рæстæджы, ерын нæ зонын, фæлæ æвæццæгæн ерын дæр, уынаффæтæ кæм истам уыцы уатмæ арбахизын нæ фæлæ, уыцы уæладзгмæ дæр, хæстæгдæр нæ бацыдаит. Ерын Мамука Мдинарадзе цы цæгъæл дзырд кæны, уый у æрмæст Мамука Мдинарадзейы дзæгæълдзырд. Ме рдгæй мæ фæнды зæгъын, цæмæй реалонæй куы зонæм, ацы тексты у Иванишвилийы фыст, кæцы ныр фыртасæй нал лæууы. ЦæмæН? Тынг æнцонæмбарæн æфсонæн, уый тынг дзæбæх зоны цæмæй ныр, æвзæрстыты размæ серьозон темæтыл куы ныхас кæнæм, дæ адæмæй æбæрæг аххосæй куы домыс хатыр ракурой, уый фæстæ дæ барамындæй, дæ бæстæй премьер-министр дæ бæстæйы куы аххосджын кæны хæст райдайын æмæ фактиконæй, иттæг уæззау знаггад кæны æнæбанымады политикæйæн, кæцы комкоммæ нысан кæны бæстæйы суверенитетæн знаггад, ды дæ хисæрмагонд финансон интересты тыххæй, æхцайы тыххæй, рæнхъы ку слæууын кодтай паддзахады бæрзонддæр гæсты, премьер-министры, парламенты сæрдары, министрты æмæ дæ финансон хисæрмагонд даууы тыххæй ацы цагъайрæгты куы дзурын кæныс, стæй паддзахадæй дæхи куыд хъæуы афтæ спайда кæныс, цæмæй исты амæлттæй цасдæр æхца фæстæмæ дæхимæ æрыздахай, уæд уыдæтты мидæг, бæстæйы националон интерестыл гадзрахатдзинады тынг серьозон нысæнттæ ис.
Уырнæг дæн, цæмæй тынг тагъд, Иванишвилийæн уыдзæн фадат, цавæрдæр æмбарынгæнæнтæ сараза. Уымæн æмæ, бауырнæнт уæ, ацы æмбарæнгæнæнтæ уыдзысты бирæ хъæугæдæр, фыццаджы уымæн йæхицæн, науæд та, уыдзæн банытон æндæр мадзæлттæ, уымæн цæмæй дзыллæмæ ис бирæ фарстатæ, куыд ис гæнæн нæ бæстæйæ æмæ дæ адæмæй кæцы эьтникон ныссыгдæг бавзæрстой, æрдомай хатыр ракурын. Куыд ис гæнæн, ды дæ паддзахады фæаххосджын кæнай хæст райдайын, куы зоныс цæмæй, æнæмбанымады политикæ лæууы егъау рискы раз дæу тыххæй, уымæн æмæ ныппырх кодтай нормалон ахастытæ ныгуылæнимæ æмæ ам ис фæзындты комкоммæ фæдфæдон рæхыс. Уый фæстæ цыдæр текст ныффыссай æмæ дæ сæрмагонд кæцыдæр цагъайрагы, клоун ралæууа уыцы текстимæ. Тынг тæссаг зонæмæ хизынц, уымæн æмæ ныридæгæн райдайын хъуыды кæнын, ома æрлæууыд æви нæ уый афон, цæмæй æвзæрстыты фæстæ арызт æрцæуа парламентон комисси, кцыйы фæлгæтты бавдыст уыдзæн алы фарста, кæцыты «Картули Оцнебайы» ранымадтой. Æрмæст æвзæрстыты фæстæ, уымæн æмæ æз ахæм цъаммар нæ дæн, куыд иуæй-иутæ, цæмæй разæвзарæнон инетерсты ахæм темæтæй спайда кæнон. Бауырнæнт уæ, уыцы истерикæ, кæцыйы абон «оцнебайы» сты, комкоммæ амоны нæ рæзгæ фарсхæцыны тыххæй. Афтæмæй мын сæ иу фæфæрсут», – райхъусын кодта Гиорги Гахариа.
«Картули Оцнебайы» æххæстгæнæг нымæрдар Мамука Мдинарадзе абоны брифингыл райхъусын кодта, цæмæй «Саакашвили, Гварамиа, Хазарадзе, Гахариа иу къухы дæлбар агентурæ сты æмæ адæм хъуамæ зоной, цæмæй уыдонæн лæвæрд алы хъæлæс у стыр азар бæстæйы уæвынæн». Мдинарадзейы дзырдæй, зæгъгæ хронологи æмæ Гахариайы уынаффæты рæхыс хуымæтæгæй бæлвырд кæнынц, цæмæй уый коллективон агентурæйы рæнхъон уæнгтæй ницæмæй хъауджы у.