Гиорги Гахариа хъусын кæны, цæмæй ранæй-рæтты арæнæвæрдты уагы эффективондзинады цæстæнгасæй ногæй æркæсын хъæуы
Маскæ, хиизоляци æмæ антигены цырд тест, адон сты уыцы инструменттæ, кæцы нын хъуамæ баххуыс уа ацы кризис пик рацæуæм , – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр Гиорги Гахариа, æхсæнуагдонон координацион советы рабадтыл райхъусын кодта, кæцы хицауады сæргълæууæгы къухдариуæгæй видео-конференцийы форматы ацыд.
Премьер фæныхас кодта антигеныл æнцойæвæрд цырд тестæй уæрæх басгæрсты нысаниуæгыл.
«Афтæмæй нын уыдзæн фадат, цæмæй уыцы цауы, кæд хæдзары уæвгæйæ хос кæнын, ковид-фысымуаты æмæ госпитализаци рæстæгмæ рæвдз сты, уæд антигены цырд тестæй, базонын кæндзыстæм адæймагæн вирус йыл кæй бахæцыд æмæ ныридæгæн цæттæ у инфраструктурæ, цæмæй пациенты уавæрмæ гæсгæйæ, йæхæдæг зоны куыд хос кæнын хъæуы. Адон сты махæн критикон этаптæ, кæцытæ хъуамæ рацæуæм: фыццаг – кæй зæгъын æй хъæуы, госпитализацийы бæрæггæнæн 15% онг æркæнын, иунысанонæй; дыккаг – Ковид-фысымуæтты терапион хоскæнынæн элементтæронæй сифтонг кæнын æмæ хæдзары хоскæнын фыццагон æнæнизхъахъъæды фæрцы; Маскæ, хиизоляци æмæ антигены цырд тест – адон сты уыцы инструменттæ, кæцытæ нын хъуамæ баххуыс уа, ацы кризис пик, куыд гæнæн ис, афтæ æнцонтæй арвитæм. Ноджы ма цы у сæйраг – ранæй-рæтты арæнæвæрдтæй, кæцытыл абон уынаффæ кæнæм, хъуамæ рахицæн кæнæм, цы у сегасдæр сæйраг абоны уавæрмæ. Бынтон æндæр уавæр уыдис иу мæй размæ, абон та ситуаци у æндæр, уымæн æмæ æндæр у активондзинад, уынджы цæугæ политикон процессыл дзурын, уый тыххæй ранæй-рæтты арæнæвæрдтæ эффективондзинады цæстæнгасæй ногæй æркæсын хъæуы. Куыд кæсын, афтæмæй Европæйы тынг уæззау у уавæр æмæ алкуырандæр ис иунæг критери – æгæр у аргъæвæрд ма æрцæуа госпиталон системæ. Стæй раст уым райдайынц æнæконтрол процесстæ. Госпиталон системæ у ныр уæлахиздзинады кæнæ састы хахх, уый тыххæй, Эка, уæ зæрдыл бадарут ацы уавæр», – баздæхт премьер-министр æнæнизхъахъхъæды министр Экатерине Тъикарадземæ.