Гиорги Гахариа – Хицауады хæс æмæ бæрн у уый, цæмæй æдзух æвзæрстытæ куыд уагъдта афтæ рæстагæй сæ ауадзæм ныр дæр
Ацы закъондæттæн ивддзинæдты фæстæ, кæцы æвзарæнон системæимæ у баст, фактиконæй райдайы æвзарæнон, политикон процесс. Ацы рæстæджы хицауад хæсджын у æмæ бæрн у тынг стыр, цæмæй куыд раздæр, афтæ ауадзæн рæстаг, рухсдзыд æмæ максималонæй демокративон æвзæрстытæ, ахæм æвзæрстытæ, кæцы ноджы иу гъæды нысан уыдзæн Гуырдзыстоны дарддæры демократизацийы æрдгæй – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр Гиорги Гахариа, коронавирусмæ гæсгæ архайæг æхсæнуагдонон советы радон рабадтыл райхъусын кодта.
Хицауады сæргълæууæг куыд банысан кодта афтæмæй, æвзæрстытæ пандемийы уаваæрты глобалон фæлварæн у, кæцы бæстæйæн ратдзæн æнтыстджын фæлтæрддзинад æрымбырд кæныны фадат.