Гиорги Гахариа – Хицæнæй ист иунæг бæстæ дæр глобалон пандемийыл нæ фæтых уыдзæн
Гуырдзыстоны премьер-министр Гиорги Гахариайы къухдариуæгæй æхсæнуагдонон координацион советы рабадт ацыд.
Советы уæнгтæ фæтæрхон кодтой, арæнæвæрдты аивыны фæдылдзог этапы тыххæй, кæцы абонæй райдыдта. Сæрмагондæй та, кусын сног кодтой алы хуызы ресторантæ, змæлд райдыдта горæтты æхсæн транспорт, афтæдæр байгом ис алы уыцы фысымуат, кæцы куысты инспекцийы басгæрст ацыд.
Ноджы иу хатт бахахх ис бæлвырд стандартты æмæ регуляциты дырысæй хъахъхъæды æнæмæнгхъæуындзинад, сæ нымæцы маскæтæ дарыны æмæ социалон дистанцийы уаг, цæмæй вирусы ахæлиуы рискъ ма сырæза.
«Махмæ арæх хъуысынц ныхæстæ, ома Гуырдзыстон зæгъгæ вирусы басаста. Хицæнæй ист иунæг бæстæ дæр нæ басæтдзæн вирусы. Уый глобалон пандеми у æмæ нæй гæнæн, цæмæй хицæнæй кæцыфæнды паддзахад ацы вирусы басæтта, афтæ куыд экономикон кризисы басæттын нæ бафæраздзæн кæцыфæнды бæстæ иунæгæй. Нæ сæйраг рард у, фæтк дæттæм процессæн, бафæразæм адаптаци æмæ контрол кæнын», – банысан кодта премьер-министр координацион советы рабадтыл.