Гиорги Гахариа – Хъæууон хæдзарады министрад бизнесæн æххуысы программæтæ уæрæх кæны
Гуырдзыстоны хицауады рабадтыл хъæууон хæдзарады программæтæ ивындзинæдтыл тæрхон кæнынц.
Гуырдзыстоны премьер-министр, Гиорги Гахариа хицауады рабадтыл куыд райхъусын кодта афтæмæй, зæгъгæ ацы ивындзинæдты сæйраг нысан у, бынæттон кондадæн баххуыс кæнын, хъæууон хæдзарады министрад бизнесæн æххуысы программæтæ уæрæхдæр кæны æмæ уырдæм хæссы ахæм къабæзтæ, цахæмдæр сты æхсæры бакуыст, цайы кондад, хæлцадон кондад æмæ ма уырдæм æфтыд уыдзæн сæнæфсиры бакуыст дæр.
«Сæнæфсиртонæны период нæм æрцæуы, уыцы фарстыл фæдылдзог рабадтыл фæуынаффæ кæндзыстæм, кæцыйыл, кæй зæгъын æй хъæуы, нæ сæндонгæстæн, афтæ куыд æндæр сектортæн, антикризисон пъланæй баххуыс стæм, фæуынаффæ кæндзыстæм уый фæдыл, æмæ та ацы хатт дæр уыдзæн эффективон æххуысы пакет, фыццаджы дæр нæ фермертæн», – райхъусын кодта Гиорги Гахариа.